Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 51:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Дӕ цот рафтыдысты, тигътыл ныффӕлдӕхтысты ӕмӕ удхар кӕнынц, сӕгуыт ахсӕн хызы куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. Ахӕм ӕвирхъау уавӕры сыл сӕмбӕлди Дунедарӕджы азар, Хуыцауы фыдӕх.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 51:20
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут, уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут! Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ; цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.


Ӕрыгон лӕппутӕ дӕр бастайынц, сӕдых вӕййынц, сӕ къӕхтыл нал фӕлӕууынц.


Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.


Гъемӕ уӕдӕ ӕрбайхъусут, сӕны хъӕстӕ чи нӕ фӕци, афтӕмӕй расыгау цух-мухтӕ чи кӕны, уыдон!


Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.


Рахау-бахау кӕндзысты зӕрдӕсастӕй, ӕххормагӕй. Стонгӕй мӕлгӕйӕ, фыр мӕстӕй ӕлгъитдзысты сӕ паддзахы ӕмӕ сӕ Хуыцауы. Арвмӕ скӕсдзысты,


Ӕмӕ, пехуымпариуӕг цы адӕмӕн кӕнынц, уыдон дӕр кард ӕмӕ стонгӕй фесӕфдзысты. Йерусалимы уынгты лӕзӕрдзысты ӕмӕ сӕ баныгӕнӕг нӕ уыдзӕн — сӕхи дӕр, стӕй сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр. Цы фыдбылызы аккаг сты, уый сын Ӕз бавзарын кӕндзынӕн.


Быдырмӕ рацӕуон — кардӕй кӕй фӕмардтой, уыдон, сахармӕ бацӕуон — ӕххормӕгтӕ удхарӕй мӕлынц. Пехуымпарӕй, сауджынӕй сдзӕгъӕл сты, цы кусынц, уый нал ӕмбарынц.


Уӕ, Дунедарӕг басаста мӕ тыхджынты! Мӕ ныхмӕ мын, бӕрӕгбонмӕ сӕ хонӕгау, ӕрӕмбырд кодта ме знӕгты, — ныццӕгъдой мын мӕ лӕппуты! Сӕнӕфсир сӕндуцӕны ссӕндӕгау, Иудӕйы чызджы Дунедарӕг бассӕста!


Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!


Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц!


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд! Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар! Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!


О Сионы зынаргъ фырттӕ! Кӕддӕр куы уыдысты сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕмаргъ! Ныр сын ӕлыгӕй конд дурынтау, дурынгӕнӕджы мигӕнӕнтау, куынӕуал ис аргъ!


Нӕ тырынтӕ куыройы фыдтӕ зилынц, фӕкӕлынц сугты бын нӕ лӕппутӕ!


Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.


Мӕ ахсӕн хыз ыл баппардзынӕн, ӕмӕ бахаудзӕн Мӕ къӕппӕджы, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕрбакӕндзынӕн Вавилонмӕ ӕмӕ йын стӕрхон кӕндзынӕн, йӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивта, уый тыххӕй.


Цы нывонд уын акусарт кӕнон, уый фиуӕй ӕфсаддзыстут уӕхи, йӕ тугӕй та кӕндзыстут расыг.


саг, сугъахъ, сӕгуыт, сычъи, хъӕддаг сӕгъ, антилопӕ ӕмӕ дзӕбидыр.


Дунедарӕджы ӕлгъыст дӕ баййафдзӕн ӕмӕ, цӕмӕдӕриддӕр бавналай, дӕ къухты алы фыдӕбон дӕр дын уыдзӕн маст ӕмӕ фыдбылызы хос. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй, Мӕныл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уый тыххӕй рӕхджы фесӕфдзынӕ, мыггагыскъуыд фӕуыдзынӕ.


уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ