Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 51:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕрцыди дыл дывӕр бӕллӕх, ӕмӕ дын чи батӕригъӕд кӕндзӕн, чи дын фӕфидар кӕндзӕни дӕ зӕрдӕ? — Бӕстӕ ныггӕныстон ис, адӕмӕй та чи сыдӕй амарди, чи кардылӕфтыд баци.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 51:19
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иовы бӕллӕхты кой йе ’ртӕ хӕлары ӕрыхъуыстой ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕй рараст сты: Елифаз — Теманы сахарӕй, Билдад — Шуахӕй, Цофар — Наамайӕ. Сӕмбӕлдысты, цӕмӕй йӕм иумӕ ацӕуой, йе ’нцой балӕууой ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрой.


Ӕрбацыдысты йӕм йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ, йӕ раздӕры хорз зонгӕтӕ. Йемӕ фынгыл бадтысты йӕ хӕдзары ӕмӕ йын зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой, Дунедарӕг ын бӕллӕхтӕ кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй, алчидӕр ын балӕвар кодта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фӕйнӕ сыгъзӕрин къухдарӕны.


Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.


Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ хӕринагӕй бафсӕддзысты, гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты. Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн, чи ма уӕ баззайа, уыдоны та ныццӕгъддзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕгъын, ныууадзут мӕ мӕхи бар. Ӕз зӕрдӕхалӕн хъарӕг кӕндзынӕн. Ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ мын ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ бабын сты мӕ адӕм.


Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны дӕ хай уыдзысты: дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ. Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын ницыуал баххуыс уыдзысты.


Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.


Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.


Рарвыста мӕ, Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд ӕмӕ Йӕ адӕмы маст фыдгултӕй кӕй райсдзӕн, уый фехъусын кӕнынмӕ. Рарвыста мӕ хъынцъымгӕнджыты зӕрдӕ фӕфидар кӕнынмӕ,


Рахау-бахау кӕндзысты зӕрдӕсастӕй, ӕххормагӕй. Стонгӕй мӕлгӕйӕ, фыр мӕстӕй ӕлгъитдзысты сӕ паддзахы ӕмӕ сӕ Хуыцауы. Арвмӕ скӕсдзысты,


Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа, уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты, сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн. Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:


О Йерусалим, чи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, чи дыл скӕудзӕн? Куыд сты дӕ хъуыддӕгтӕ, зӕгъгӕ дӕм фӕрсӕг чи бацӕудзӕн?


Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».


Фӕндаггӕттӕ! Цӕут мӕ рӕзты, фӕлӕ-ма ӕрбакӕсут: ӕз цы хъизӕмар ӕвзарын, ахӕм ма искуы фендӕуыд? Уӕ, Дунедарӕг ӕй мӕныл йӕ судзгӕ масты бон куы бафтыдта!


фӕчъизи ис йӕ фӕччи! Нӕ хъуыды кодта фидӕныл, ӕмӕ ӕвиппайды фӕкалди, — йӕ разы сабыргӕнӕг нӕй! О Дунедарӕг! ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ фыдгултӕн сӕ цины хъӕртӕ хъуысынц!


Хъоргъ ӕмӕ ӕвирхъау тас — нӕ хал. О, сӕфт, бӕллӕх!


Кӕнӕ уыцы зӕхмӕ тугдзых сырдтӕ куы барвитин, цӕмӕй йын уыдон йӕ сывӕллӕтты бабын кӕной, куы сафтид уаид ӕмӕ дзы сырдты тӕссӕй цъиуызмӕлӕг куынӕуал уаид,


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,


Уыдон зӕххыл кӕрдӕджы мур нал ныууагътой, ӕмӕ Йӕм ӕз скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ныххатыр кӕн! Куыд аирвӕздзӕн Йаков? Нырма гыццыл у».


Чи дӕ фена, уый дӕ цурӕй алидздзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ныззыгуым ис Ниневи!» Ничи дыл скӕудзӕн, ничи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн.


Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм — сымах ын уе ’ппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ