14 Рӕхджы ссӕрибар уыдзысты ахӕстытӕ, ныггӕнды сыдӕй нӕ амӕлдзысты.
Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.
Дунедарӕг уӕ бафсаддзӕни хъыджы дзулӕй, хъизӕмары донӕй. Фӕлӕ уӕ Зондамонӕг Йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн сымахӕй, уӕ Зондамонӕджы уӕхи цӕстӕй фендзыстут.
Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.
Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»
Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.
Дунедарӕг зӕгъы: «Хъомысджын уацары кӕй акӕна, уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты, тыхджынӕн дӕр йе ’фтиаг байсдзысты. Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.
Дӕ рыгтӕ ’рцӕгъд ӕмӕ дӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕц, Йерусалим! Дӕ рӕхыстӕ де уӕнгтӕй раппар, Сионы уацайраг чызг!
Йеремиайы ныккӕнды ныппӕрстой, ӕмӕ уым дзӕвгар рӕстӕг фӕбадти.
Дӕуӕн та дӕ уацайрӕгты ӕнӕдон уӕрмӕй фервӕзын кӕндзынӕн, нӕ фидыд кӕй фӕрцы сфидар ис, уыцы туджы сӕраппонд.