Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 51:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 51:13
56 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.


Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.


Мыййаг, ды Йемӕ нӕ айтыгътай уӕлӕрвтӕ, джиппыуагъд айдӕнау фидар чи у, уыдон?


Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.


Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.


Фӕлӕ сӕ тыхсты заман Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыдбылызӕй фервӕзын кодта.


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Мӕ адӕм, Сионы хохыл цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ассириӕгтӕй, суанг уӕм лӕдзӕгӕй куы февзидой ӕмӕ уын кӕддӕр мысырӕгтӕ куыд бакодтой, афтӕ уӕм къобола лӕдзӕг куы сисой, уӕд дӕр.


уӕд сымах уӕлахизы зарӕг ныззардзыстут, Вавилоны паддзахӕн фидис кӕнгӕйӕ: Не ’фхӕрӕг нал ис, не стигъӕг бабын ис!


Моавы лигъдӕттӕ уал, зӕгъ, ацӕрӕнт дӕумӕ; сӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны къухӕй сӕ бахиз. Ӕфхӕрӕг куынӕуал уа, гӕныстонгӕнджытӕ куы фесӕфой,


Ды ферох кодтай дӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы, дӕ Къӕдзӕх ӕмӕ дӕ Фидар дӕ хъуыдыйы дӕр нал уыди. Ды скодтай диссаджы дыргъдӕттӕ, ныссагътай ӕцӕгӕлон сӕнӕфсиры талатӕ.


Ау, ницы ’мбарут? Ницы фехъуыстат? Нӕ уын загъдӕуыди тӕккӕ райдианӕй? Зӕхх Чи скодта, уый уын ӕнӕзонгӕ у?


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.


Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.


Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.


Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы.


Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».


«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.


Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай, хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай? Дзӕвгар рӕстӕг дын Мӕхи кӕй нал раргом кодтон, ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?


Зӕгъ Ахазӕн: „Лӕмбынӕг кӕс, ӕрсабыр у ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Дӕ ныфс ма асӕттӕд Рецин ӕмӕ арамейӕгты, стӕй Ремалийы фырты пиллонкалгӕ мастӕй — дыууӕ фӕздӕгкалгӕ ӕхсидавӕй уӕлдай ницы сты уыдон.


Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.


Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы.


Паддзах Цедекиа Йеремиайӕн дзуапп радта: «Ӕз тӕрсын, халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъди, уыцы иудейӕгтӕй. Халдейӕгтӕ мӕ сӕ къухтӕм куы радтой, уӕд мӕ хынджылӕггаг скӕндзысты».


Халдейӕгтӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаел кӕй амардта, уыцы Гедалиайы, Ахикамы фырты, бӕстӕйы сӕргъы Вавилоны паддзах йӕхӕдӕг сӕвӕрдта.


Дунедарӕг Йӕ хъомысы фӕрцы сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзондӕй ӕрфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр у йӕ хъысмӕт, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕппӕт дӕр. Израилӕгтӕ сты Йӕ адӕм ӕмӕ Йӕ исбон, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Кӕд нӕ, уӕддӕр зон: мах дӕ хуыцӕуттӕн лӕггад нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ, кӕй саразын кодтай, уыцы гуымирымӕ нӕ бакувдзыстӕм».


Уӕд Навуходоносор Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негомӕ бынтондӕр смӕсты ис, йӕ цӕсгомы хуыз аивта ӕмӕ пец, куыд фӕсудзы, уымӕй авд хатты тынгдӕр бандзарын кодта.


Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.


Кӕм ис уыцы куырыхон? Кӕм ис уыцы динамонӕг? Кӕм ис ацы ӕнусы уыцы арфхъуыдыгӕнӕг? Ау, Хуыцау, ацы дунейы куырыхон зонд ӕцӕгӕй ӕдылыдзинад кӕй у, уый нӕ равдыста?


Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт! Кӕм ис дӕ маргӕйдзаг фат?»


Цы Къӕдзӕх уӕ ныййардта, Уый ныууагътат, Кӕй фӕрцы рантыстыстут, Уыцы Хуыцауы ферох кодтат.


Кӕсут-иу уӕхимӕ — цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕджы-иу ма ферох кӕнут.


Макуы уӕ ферох уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ Йын макуы ахизут Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты, мӕнӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдоны сӕрты.


Ӕмӕ цы бӕстӕй рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл куы уыдаиккой, уӕд сын уыдаид аздӕхыны фадат.


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ