9 Дунедарӕг Хуыцау — ме ’ххуысгӕнӕг. Чи мӕ рафаудзӕн? Се ’ппӕт дӕр алӕбырдзысты уӕлӕдарӕсау, рӕмпӕг сӕ бахӕрдзӕн.
Мӕ ныхмӕ дзурын кӕд ӕмӕ искӕй бон суа, уӕд ӕз банцайдзынӕн ӕмӕ мӕ уд сисдзынӕн.
Ӕмӕ бартхутӕг дӕн бутъройау, рӕмпӕгдзӕф дарӕсау мӕхимидӕг згъӕлын.
Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы арфы; иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ, уый фехъусын кодтон. Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад.
Фыр тӕссӕй ӕмризӕджы ризын, фыд азар мӕ ӕрбалвӕста.
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕ мулк бамбыди, уӕ дарӕс уын бахордта рӕмпӕг.