8 Ӕрӕввахс ис мӕ Фарсхӕцӕг, мӕ раст зӕрдӕйы Ӕвдисӕн. Чи бахӕсдзӕн йӕ ныфс мӕныл дау кӕнынмӕ? Чи ӕрлӕудзӕни мемӕ тӕрхоны раз? Рацӕуӕд-ма!
Мӕ ныхмӕ дзурын кӕд ӕмӕ искӕй бон суа, уӕд ӕз банцайдзынӕн ӕмӕ мӕ уд сисдзынӕн.
Алы дзырддаг гал, хӕрӕг, фыс кӕнӕ уӕлӕдарӕс, цыфӕнды сӕфт мулчы фӕдыл быцӕу дӕр хъуамӕ хаст ӕрцӕуа Хуыцауы тӕрхонмӕ. Мулкӕй, мӕн у, зӕгъгӕ, чи дзура, уыцы дыууӕ хъастгӕнӕгӕй Хуыцау азымджыныл кӕй банымайа, уый хъуамӕ дывӕрӕй бафида иннӕмӕн.
Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.
«Ӕдзӕмӕй Мӕм хъусут, денджызы сакъадӕхтӕ ӕмӕ денджызгӕрон зӕххытӕ! Сӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кӕнӕнт адӕмтӕ, ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт, тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм иумӕ, зӕгъгӕ!
«Уӕ хъаст ӕрбахӕссут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Бӕлвырдгӕнӕнтӕ равдисут», — зӕгъы Йаковы Паддзах. —
Цӕй ӕмӕ иумӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм, ӕмӕ уӕхи сраст кӕнут уӕ раныхасӕй!
Уый сраст ӕмӕ скадджын кӕндзӕн Израилы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр.
Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Исчи дӕ истӕмӕй зылын кӕны, уӕд тӕрхондонмӕ фӕндагыл йемӕ ӕвӕстиатӕй бафидау, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ ма бакӕна, уый та дӕ хъахъхъӕнӕджы къухтӕм ма ратта ӕмӕ дӕ ахӕстоны ма баппарой.
уӕд быцӕугӕнджытӕ дыууӕйӕ дӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы раз: уыцы рӕстӕджы сауджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ чи уа, уыдоны раз.
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.
Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.