Исайа 50:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Махӕн дӕр, дам, не ’фсымӕрты буары хуызӕн ис, нӕ фырттӕ дӕр, дам, уыдоны фыртты хуызӕн сты, афтӕмӕй, дам, махӕн нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ ӕххуырсты дӕттинаг фесты. Ныридӕгӕн, дам, нӕ чызджытӕй иуӕй-иутӕ кӕмӕндӕр цагъар сты ӕмӕ сӕ балхӕнын та ӕппындӕр нӕ амоны нӕ къух. Нӕ хуымтӕ дӕр ӕмӕ, дам, нӕ сӕндӕттӕ дӕр кӕйдӕр къухты сты.