29 Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.
Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?
Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.
Дунедарӕг мын загъта: «Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы, суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд, ацы хохы сӕрвӕлтау.
Никуы фендӕуыдзӕн уыцы фӕндагыл домбай кӕнӕ ’ндӕр тугдзых сырд. Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы адӕм ыл цӕудзысты ӕрмӕстдӕр.
Уымӕн уӕ ныггӕныстон кодтой ӕмӕ бастыгътой, бадут ахӕстӕтты ӕмӕ хъоргъыты, уӕ фыдгулты амӕттаг баистут, ахастой уӕ, ӕмӕ уӕ ничи ссӕрибар кӕны, ничи домы фыдгултӕй, ацы адӕмы фӕстӕмӕ рауадзут, зӕгъгӕ.
Ахӕм пайда дын фӕуыдзысты, де ’взонгӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ куыстай, сӕудӕджергӕнгӕйӕ, уыдон. Алчи сӕ къӕмдзӕстыгӕй йӕ фӕндагыл ацӕудзӕн, дӕ мӕт сӕ нӕ уыдзӕн».
Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.
Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.
Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»
Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.
Йӕ цӕрджытӕ домбӕйттау иууылдӕр иумӕ ныббогъ кӕндзысты, домбайы лӕппынтау рыхдзысты.
Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.
Кӕм ис ныр Ниневи, домбӕйтты лӕгӕт, сырдты цӕрӕнуат чи уыди, уый? Нӕл ӕмӕ дзы мадӕл домбӕйттӕ ’мбӕхстысты, сӕ лӕппынты сын уым хъыгдарӕг нӕ уыд. Нӕл домбай йӕ цотӕн цыди цуаны, мадӕл домбӕйттӕн амӕттӕгты хурх кодта, йӕ лӕгӕттӕ-иу байдзаг кодта ӕфтиӕгтӕй, мард цӕрӕгойтӕй.
Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.
Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.
Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».