28 Сӕ фаттӕ уыдзысты цыргъ, се ’рдынбостӕ — ӕлвӕст. Сӕ бӕхты сӕфтджытӕ — ӕхсондуртау фидар, сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ размӕ тӕхдзысты зилгӕ уадау.
Рӕхцгӕ ӕмӕ фынӕй нӕ кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг.
Мӕнӕ ис уыцы цӕугӕдон, йӕ къабузтӕй Хуыцауы сахар кӕмӕн райы — Бӕрзӕндтыл Бадӕджы уаз цӕрӕн.
Сӕ лӕппуты сын фатӕй ныццӕгъддзысты, сабитӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзысты».
Рагуац денджызгӕрон ӕдзӕрӕг бӕстӕйы тыххӕй. Негевы сӕрты знӕт зилгӕ уад куыд фӕцӕйтӕхы, уыйау ссӕуы бӕллӕхы уац ӕдзӕрӕг бӕстӕй, тасӕфтауӕг зӕххӕй.
Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.
Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!
Сӕ фатдонтӕ — гом ингӕнтӕ, сӕ алы хӕстон дӕр — бӕгъатыр.
Йӕ бӕхты сӕфтджытӕй дын бассӕндзӕни дӕ уынгтӕ, дӕ адӕмы дын кардӕй ныццӕгъддзӕн, дӕ хъомысы цыртдзӕвӕнтӕ та дын афӕлдахдзӕн зӕххыл.
Фӕлӕ ды сыстдзынӕ уадау, рацӕудзынӕ саувадыг мигъау, цӕмӕй зӕхх бамбӕрзай де ’ппӕт ӕрдонгтимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц адӕмтимӕ.
Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.
Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.
Ехсы къӕрццытӕ, цӕлхыты гыбар-гыбур хъуысынц, бӕхты мыр-мыр цӕуы, тохуӕрдӕттӕ гыбар-гыбур кӕнынц.
Уӕ, сӕ бӕхтӕ куы фезгъорынц знӕгтӕн!