Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 5:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уыдон нӕдӕр фӕлмӕцгӕ бакӕндзысты, нӕдӕр сӕ удтӕ рафтдзысты, нӕдӕр сӕ хуыссӕг ӕрцахсдзӕн. Уыдзысты ронбаст, сӕ дзабыры бостӕ дӕр нӕ райхӕлдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 5:27
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ноджы ма дын зӕгъын, — дзырдта дарддӕр Давид, — дӕ зӕрдыл дар, иу хатт мын Церуайы фырт Йоав цы бакуыста, Израилы ӕфсады дыууӕ фӕтӕджы — Неры фырт Авнеры ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — куыд амардта, уый. Фидыды заман ныккалдта туг, цыма хӕсты заман уыд, афтӕ ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста йӕ рон ӕмӕ йӕ къахыдарӕс — фӕчъизи кодта йӕ хӕстон намыс.


Паддзӕхтӕн сӕ рон раппары ӕмӕ сын астӕубосӕй сӕ синтӕ алвасы.


Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны.


О, алкӕмӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фидӕг Хуыцау! О Дунедарӕг, раргом нӕм кӕн Дӕхи!


Уӕд ӕдасӕй дӕ фӕндагыл ацӕудзынӕ ӕмӕ нӕ фӕкӕлдзынӕ,


Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.


Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн: «Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн. Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты, паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар, алы кулдуар.


Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ, кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр.


уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.


Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.


Усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызг, дзидзидай саби ӕмӕ урссӕр зӕронд дуарӕн ӕдде цыргъагӕй цагъды кӕндзысты, хӕдзары мидӕг та — фыр тӕссӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ