Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 49:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Тыхджыны ӕфтиаг чи байсдзӕни? Хъомысджыны уацайрӕгты чи суӕгъд кӕндзӕни?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 49:24
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Не ’взӕр хъуыддӕгты ӕмӕ стыр азымы тыххӕй нӕ кӕд Дӕ азар баййӕфта, уӕддӕр нын Ды, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодтай ӕмӕ нын не ’наккаг миты бӕрц нӕ фӕдӕ.


Кӕд цагъартӕ стӕм, уӕддӕр нӕ рохуаты нӕ ныууагъта нӕ Хуыцау. Схайджын нӕ кодта Персы паддзӕхты хорзӕхӕй, ӕмӕ нын уыдон фадат радтой не уӕнгтӕ айтынг кӕнынӕн, сӕ арм ныл дардтой Иудей ӕмӕ Йерусалимы, цӕмӕй мах нӕ Хуыцауы хӕлд хӕдзар ногӕй саразӕм.


Цыдӕриддӕр ныл ӕрцыд, уыдӕттӕй ды раст уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ иузӕрдион, мах та фыдракӕндтӕ фӕкодтам.


Йӕ бирӕ бӕркад, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй нӕ Ды кӕй дӕлбар бакодтай, уыцы паддзӕхтӕм ӕрхауы. Нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ фосыл дӕр сӕ бар цӕуы. Цы сӕ фӕнды, уый кӕнынц, уынгӕджы бон ныл акодта.


Уымӕн уӕ ныггӕныстон кодтой ӕмӕ бастыгътой, бадут ахӕстӕтты ӕмӕ хъоргъыты, уӕ фыдгулты амӕттаг баистут, ахастой уӕ, ӕмӕ уӕ ничи ссӕрибар кӕны, ничи домы фыдгултӕй, ацы адӕмы фӕстӕмӕ рауадзут, зӕгъгӕ.


Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.


Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ райгас уыдзысты, цымӕ?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Дунедарӕг Хуыцау! Уый Ды зоныс ӕрмӕстдӕр».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕз дӕ ныхмӕ сыстадтӕн! Дӕ тохуӕрдӕттӕ дын арты фӕздӕджы басудздзынӕн, дӕ лӕппынты дын кардӕй ныццӕгъдын кӕндзынӕн, де ’фтиӕгтӕ дын иууылдӕр фесафдзынӕн зӕххыл! Дӕ минӕвӕрттӕ дын дунейыл дӕ кады хабӕрттӕ нал айхъуысын кӕндзысты.


Кӕй бон бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ рахӕссын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд? Ӕрмӕст ын уӕд бантысдзӕни хӕдзар сафтид кӕнын.


Никӕй бон бауыдзӕни тыхджыны хӕдзармӕ бабырын ӕмӕ йӕ фӕкъахын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ