Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 49:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 49:23
45 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.


Мӕ былалгъыл нӕма абады дзырд, о Дунедарӕг, афтӕ йӕ фӕзоныс.


Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, ӕмӕ цӕрын Де ’цӕгадмӕ гӕсгӕ.


Дунедарӕг! Ды адӕттӕ иууылдӕр уыныс ӕмӕ Дӕхи ма ныхъхъус кӕн! Ма мӕ ныууадз!


Зарӕджы ӕппӕлдзынӕн Хуыцауы номӕй, Йе стырад Ын кады зарӕгӕй стаудзынӕн.


Мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн ӕз, о Хуыцау, фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ! Ды — ме ’ххуысгӕнӕг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг; Дунедарӕг, фӕстиат ма фӕкӕн!


Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.


Йӕ кӕрон ӕрӕввахс, бирӕ рӕстӕг ын нал ис. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йаковы байзӕддагӕн, ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы, сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн. Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ.


Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.


Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»


Дунедарӕг! Дӕ азар нӕ куы баййафы, уӕд дӕр ныфсджын вӕййӕм Дӕуӕй. Дӕумӕ кувӕм, Дӕу мысы алкӕддӕр нӕ уд.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Авраамы Ирвӕзынгӕнӕг, Йаковы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй зӕгъы: «Уӕд Израил къӕмдзӕстыг нал уыдзӕн, йӕ цӕсгомы хуыз нал фӕлидздзӕн.


цӕмӕй феной ӕмӕ базоной, ӕркӕсой ӕмӕ бамбарой: Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы, конд сты».


Дунедарӕг зӕгъы: «Сымах Ме ’вдисӕнтӕ стут. О, сымах ӕмӕ Мӕ цагъар, Ме ’взӕрст. Мӕ хъуыддӕгтӕн стут ӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй Мӕ базонат, цӕмӕй баууӕндат, Ӕз Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау Мӕ разӕй дӕр кӕй никуы уыд ӕмӕ Мӕ фӕстӕ дӕр кӕй никуы уыдзӕн, ууыл.


Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».


Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау — ме ’ххуысгӕнӕг. Ӕмӕ нӕ фӕкъӕмдзӕстыг дӕн, мӕ цӕсгом ныхъхъӕбӕр кодтон ӕхсонау ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн.


Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».


Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Мӕ адӕм бамбардзысты, Ӕз Чи дӕн, уый. Базондзысты, кӕддӕр Йӕ ном „Ӕз дӕн“ Чи схуыдта, Уый Ӕз кӕй дӕн!»


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Адӕмтӕ ӕмӕ дыл паддзӕхтӕ ауддзысты, мад йӕ дзидзидай сабийы йӕ риуы ’хсырӕй куыд фӕхӕссы, уыйау. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау.


Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕ рухсмӕ, сӕ паддзӕхты ӕрфӕнддзӕн дӕ тӕмӕнкалгӕ рухс фенын.


Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты, Дунедарӕг дын Йӕ раст тӕрхоны фӕрцы цы хӕрзты бацыд, уый. Ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр дын фендзысты дӕ кад. Дунедарӕг дын ратдзӕни ног ном ӕмӕ дӕм уыцы номӕй дзурдзысты иууылдӕр.


Ды иунӕг Хуыцау дӕ, йӕ зӕрдӕ Дыл чи дардта, уыдонӕн бирӕ хӕрзты Чи бацыд, Уый. Ӕндӕр хуыцауы тыххӕй нӕдӕр фехъуыстӕуыд, нӕдӕр ӕй цӕстӕй фендӕуыд.


Нуӕрттӕй уӕ бамбӕрздзынӕн, буар уыл ӕрзайын кӕндзынӕн, уый уӕлӕ та — царм; царды комулӕфт уын ратдзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Уӕд базондзыстут, Ӕз Израилы ’хсӕн кӕй цӕрын, уый, ӕмӕ Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй никуы ис. Ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нӕ фӕхудинаг уыдзысты.


Калмау сдӕрдзысты рыг, уаллӕттау ралӕсдзысты сӕ фидӕрттӕй, фӕтӕрсдзысты Дӕуӕй, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй.


Ацы адӕмы ӕз равзӕрын кодтон исты, ӕз сӕ ныййардтон? Мӕ хъӕбысы мын сӕ, дыджызӕ дзидзидайы куыд хӕсса, уыйау цӕмӕн хӕссын кӕныс, сӕ фыдӕлтӕн сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтай, уырдӕм?


Фондз таланты чи райста, уый уайтагъд ацыд, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма сӕ ноджы фондз таланты бакуыста.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн».


Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Сыгъдӕг фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн — ӕвзӕрст зынаргъ дур, чи Йыл ӕууӕнды — нӕ фегад уыдзӕн».


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ