Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 49:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз Мӕ къухӕй адӕмтӕн равдисдзынӕн нысан, ӕрсадздзынӕн Мӕ тырыса, цӕмӕй йӕ алы адӕмтӕ уыной, ӕмӕ дын дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджыты сисой сӕ къухтӕм ӕмӕ се уӕхсчытӕм ӕмӕ дын сӕ ӕрбахӕссой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 49:22
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн Йе ’ппӕт фӕлдисӕндтӕ — Йӕ паддзахады кӕмдӕриддӕр. Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Хуыцауӕн.


цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.


Хынджылӕггӕнгӕ, саузӕрдӕйӕ ныхас кӕнынц, ӕртхъирӕн кӕнынц ӕнӕввӕрсонӕй.


Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.


О, дунейы цӕрджытӕ, зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ! Хохы цъуппыл тохы тырыса куы ’рсагъдӕуа, уӕд-иу ӕм скӕсут! Сыкъауадындз куы ныууаса, уӕд-иу ӕй фехъусут!


Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,


Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».


Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут, ахизут уӕ сахары кулдуарыл ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг, слӕгъз ӕй кӕнут, йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут, адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!


Мӕ адӕмӕй чи фервӕза, уыдоны скӕндзынӕн Мӕ минӕвӕрттӕ. Арвитдзынӕн сӕ алы адӕмтӕм, алы бӕстӕтӕм: Таршишмӕ, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ, Мешехмӕ ӕмӕ Рошмӕ, Тувалмӕ ӕмӕ Йаванмӕ, ноджы ма алы дард сакъадӕхтӕм, Мӕ кой Мын кӕм никуы фехъуыстой ӕмӕ Мын Мӕ кад кӕм никуы федтой, уыцы бӕстӕтӕм, ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты Мӕ кады тыххӕй.


Алы адӕмтӕй уын ӕрбакӕндзысты ӕфсымӕртӕ бӕхтыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ уадӕмдзу теуатыл, ӕрбаласдзысты сӕ тохуӕрдӕтты ӕмӕ лӕгуӕрдӕтты. Ӕрбакӕндзысты сӕ Мӕ уаз хохмӕ, Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ балӕвар кӕндзысты Мӕнӕн, Дунедарӕгӕн, израилӕгтӕ Мын Мӕ Кувӕндонмӕ сыгъдӕг мигӕнӕны хуын куыд ӕрбахӕссынц, раст уый хуызӕн.


Ӕмӕ Йерусалиммӕ бирӕ знӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын адӕмтӕ ’рбацӕудзысты, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕрцагурой Йерусалимы ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скувой.


Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ