Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 49:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ды дӕхинымӕр дзурдзынӕ, адоны мын чи ныййардта, мӕ цот куы бабын сты, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг куы уыдтӕн, зӕгъгӕ. Мӕн уацары куы акодтой, уӕд адоны чи схаста? Ӕз зыбыты иунӕг куы уыдтӕн, уӕд адон кӕцӕй фесты?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 49:21
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сионы чызг аззад сӕндоны халагъудау, цӕхӕрадоны мусонгау, знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы сахарау.


Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй, адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ, сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау. Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ, зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ ’хсындзысты.


Сӕ цоты се ’хсӕн куы феной — Ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хъуыддаг — уӕд Мӕ уаз номӕн скад кӕндзысты, нымайдзысты Йаковы уаз Хуыцауы, аргъуыц кӕндзысты Израилы Хуыцауы раз.


Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмы ӕнӕнхъӕлӕджы акӕндзысты уацары; уым сӕ уӕздӕттӕ сыдӕй мӕлдзысты, иннӕ адӕм та — дойныйӕ.


Дӕ рыгтӕ ’рцӕгъд ӕмӕ дӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕц, Йерусалим! Дӕ рӕхыстӕ де уӕнгтӕй раппар, Сионы уацайраг чызг!


Нырӕй фӕстӕмӕ нал уыдзынӕ, дзӕгъӕлӕй чи баззад ӕмӕ фыдгулы цӕстӕй кӕмӕ кастысты, йӕ иувӕрсты кӕмӕн цыдысты, ахӕм сахар. Ӕз дӕ скадджын кӕндзынӕн мыггагмӕ, цин дыл кӕндзысты фидӕны фӕлтӕртӕ.


Уый цы ’рбатӕхы ӕврӕгътау, сӕ бынӕттӕм здӕхӕг бӕлӕттау?


Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты дзӕгъӕл сахарыл, дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты «ӕдзӕрӕг быдыр». Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты «Хуыцауы уарзон», дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.


Дӕ уаз сахартӕ федзӕрӕг сты. Федзӕрӕг ис Сион, гӕныстон фестад Йерусалим.


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Кӕд дӕу хъӕддаг оливӕ бӕласӕй акъуырдӕуыд ӕмӕ, ӕрдзы куыд нӕ вӕййы, афтӕ дӕ бафтыдӕуыд дыргъдоны оливӕ бӕласыл, уӕд йӕ ӕрдзон къалиутӕ та цас хуыздӕр бафтдзысты сӕхи оливӕ бӕласыл!


Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ