18 Тӕхуды ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кодтаиккат! Уӕд уӕ амонд ивылдаид фурдау, уӕ фарн та — абухгӕ денджызау.
Мауал мӕсты кӕн, дӕ масты цӕхӕртӕ мауал кал! Ма хӕлӕг кӕн — фыддӕр истӕмӕ дын ма расайа!
Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.
Стигъджыты ӕмӕ абырджыты амӕттаг чи бакодта Израилы адӕмы, Йаковы байзӕддаджы? Уый Дунедарӕг уыд! — Йӕ разы кодтам тӕригъӕдджын митӕ. Йӕ амынд фӕндӕгтыл нӕ цыдыстӕм, Йе ’гъдау Ын не ’ххӕст кодтам.
Уӕлейӕ дӕлӕмӕ арвӕй зӕхмӕ ӕркӕлӕд раст тӕрхон! Ӕрцӕуӕд сӕрибары дуг! Иумӕ суадзӕнт тау раст тӕрхон ӕмӕ сӕрибар! Уыдӕттӕ фӕлдисын Мӕхӕдӕг — Дунедарӕг!»
Дӕ байзӕддӕгты дын се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн Дунедарӕг, ӕгӕрон уыдзӕн сӕ фарн.
Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.
Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц ӕмӕ куыд байрӕзынц, уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.
Сионы сӕраппонд ӕз хъусӕй нӕ лӕудзынӕн, Йерусалимы сӕрвӕлтау нӕ басабыр уыдзынӕн, цалынмӕ сӕуӕхсидау нӕ сӕрттива йӕ рӕстад, судзгӕ цырагъау — йӕ ирвӕзындзинад.
Ӕз — Дунедарӕг — сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд. Йерусалимы сахарӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн, йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн адӕмты фӕллойӕ, раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау. Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут, хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц, уыцы сабитау.
Рӕстдзинад таут ӕмӕ уӕхицӕн хорзӕх ӕркӕрдат. Ӕгайнӕг зӕхх афӕлдахут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ӕрцагурынӕн афон у, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уыл рӕстады къӕвда ӕруадза.
Раст тӕрхон цӕугӕдонау кӕлӕд, гуылфӕнтӕ кӕнӕд рӕстдзинад!
Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.
Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.
Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ!