15 Ӕз Мӕхӕдӕг рагацау загътон уый тыххӕй, фӕсидтӕн ӕм ӕмӕ йӕ скӕндзынӕн уӕлахиздзау.
дӕтты уылӕнтӕ куы сабухой, хӕрдмӕ куы фӕцӕуой, ӕмӕ хӕхтӕ сӕ уынӕрӕй куы нынкъуысой, уӕд дӕр.
Скӕсӕны Чи растын кодта рӕстӕвзары, Чи йӕ рацӕуын кодта Йӕ фӕдыл? Йӕ дӕлбар ын бакодта адӕмты, йӕ къӕхты бын — паддзӕхты. Уый сӕ йӕ кардӕй фӕнык фестын кодта, йӕ фатӕй сӕ ныззыгуым кодта.
Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»
Ӕз басидтӕн Кирмӕ, сразӕнгард ӕй кодтон Мӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йын йӕ развӕндаг слӕгъз кӕндзынӕн. Уый Мын ногӕй сараздзӕни Мӕ сахар, уацарӕй ссӕрибар кӕндзӕни Мӕ адӕмы, мызд ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ бацагурдзӕн, афтӕмӕй», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Мератаимы ныхмӕ схӕцут, Пекоды цӕрджыты бафхӕрут! Марут сӕ, фӕстаг лӕджы онг сӕ ныццӕгъдут, — зӕгъы Дунедарӕг, — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕнут.
Мӕйы фӕндзӕм бон (Йехониайы уацары куы акодтой, уымӕн йӕ фӕндзӕм аз),
Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын.