Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 48:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уе ’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут! Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта, ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый? Ӕз ацы лӕджы бауарзтон ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон — Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый. Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 48:14
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.


Ӕртымбыл ут, ӕрбайхъусут, Йаковы фырттӕ, ӕрбайхъусут уӕ фыд Израилмӕ.


Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау ныппырх кӕндзӕни Вавилон — паддзахӕдты фидыц, халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый.


ӕмӕ мӕнӕ рацӕуынц адӕм, дыгай барджытӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм». Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта: «Бабын ис, бабын ис Вавилон! Йӕ гуымирытӕ базгъӕлӕн сты ӕмӕ лӕзӕрынц зӕххыл».


Уӕ хуыцӕуттӕ нын ӕрхӕссӕнт бӕлвырд ӕвдисӕйнӕгтӕ, рагацау фехъусын кӕнӕнт, фидӕны цы ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕ. Сӕ ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уой, уӕд сыл баууӕнддзыстӕм.


Иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт адӕмтӕ, ӕртыгуыр уӕнт дзыллӕтӕ! Фӕлӕ уыцы хъуыддаг кӕй ӕрцӕудзӕн, уый сӕ рагацау чи загъта? Ӕрбакӕнӕнт сӕхицӕн ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ сӕхи сраст кӕнӕнт, цӕмӕй хъусджытӕ зӕгъой, раст сты, зӕгъгӕ!


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Кӕй ис абарӕн Мемӕ? Йӕхи Мын раргом кӕнӕд уый, хъӕрӕй зӕгъӕд, фӕд-фӕдыл цаутӕ радзурӕд: Ӕз рагон адӕмы куы сфӕлдыстон, уӕдӕй нырмӕ цытӕ ӕрцыд ӕмӕ цытӕ ӕрцӕудзӕн фидӕны, зӕгъӕд сӕ.


Ӕз басидтӕн Кирмӕ, сразӕнгард ӕй кодтон Мӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йын йӕ развӕндаг слӕгъз кӕндзынӕн. Уый Мын ногӕй сараздзӕни Мӕ сахар, уацарӕй ссӕрибар кӕндзӕни Мӕ адӕмы, мызд ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ бацагурдзӕн, афтӕмӕй», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Иорданы пыхсбынӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕтмӕ куыд рацӕйцӕуы, уыйау Ӕз вавилойнӕгты ӕвиппайды фӕсурдзынӕн, сӕ сӕргъы сын, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Кӕм ис Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ