15 Ахӕм пайда дын фӕуыдзысты, де ’взонгӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ куыстай, сӕудӕджергӕнгӕйӕ, уыдон. Алчи сӕ къӕмдзӕстыгӕй йӕ фӕндагыл ацӕудзӕн, дӕ мӕт сӕ нӕ уыдзӕн».
Ӕз райдианӕй нырмӕ дӕр гъе уыцы Хуыцау дӕн. Мӕ къухӕй никӕй бон бауыдзӕни байсын. Мӕ фӕнд дӕр никӕй бон у аивын».
Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны.
Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.
Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.
Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.