Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 47:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 47:13
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.


Ахӕм пайда дын фӕуыдзысты, де ’взонгӕй фӕстӕмӕ кӕимӕ куыстай, сӕудӕджергӕнгӕйӕ, уыдон. Алчи сӕ къӕмдзӕстыгӕй йӕ фӕндагыл ацӕудзӕн, дӕ мӕт сӕ нӕ уыдзӕн».


Уыцы бӕллӕхтӕ ӕмбойны дӕ хай уыдзысты: дӕ цот ӕмӕ дӕ мойы быныл баззайдзынӕ. Дӕ бирӕ хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр дын ницыуал баххуыс уыдзысты.


Бирӕтӕ федтай ӕмӕ-иу бастадтӕ, фӕлӕ никуы загътай, мӕ ныфс асасти, зӕгъгӕ. Бирӕ ма дын ӕнтыст ӕмӕ дӕ хъару нӕ сӕфти.


Афтӕ уын куы зӕгъой, уе ’ргом раздахут мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм — мынӕг хъӕлӕсӕй чи дзуры ӕмӕ дыгъал-дыгъул чи кӕны, уыдонмӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут, хъуамӕ адӕм сӕ Хуыцаумӕ кувой, стӕй удӕгӕсты тыххӕй дӕр мӕрдты нӕ фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн йӕ фӕтӕн систӕ зӕххимӕ сиу кӕндзысты, йӕ бӕрзонд кулдуӕрттӕ йын басудздзысты. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фӕкуыстой ӕмӕ сӕхи удхарӕй дзӕгъӕлы фӕмардтой, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр сыгъд ӕрцӕудзӕн».


Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Вавилон дӕр раст афтӕ аныгъуылдзӕн. Ӕз ын цы бӕллӕхтӕ бавзарын кӕндзынӕн, уыдоны фӕстӕ нал схӕцдзӕн йӕхиуыл, йӕ хъару фесӕфдзӕн“». Ацы ран пехуымпар Йеремиайы ныхӕстӕ фесты.


Ӕнӕпайда фыдӕбон! Не ссӕудзӕни йӕ чъизи, суанг арты бон дӕр ын ницы бауыдзӕн!


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Уӕларвӕфсады Бардарӕг рагацау снысан кодта: адӕмты фӕллӕйттӕ арты басудздзысты, сӕ хъиамӕт ӕнӕпайда фӕуыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ