8 Ӕмӕ уыдӕттӕ ма рох кӕнут, хивастытӕ, уӕ зӕрдыл сӕ дарут!
Бузныджы нывонд Дын ӕрхӕсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.
Уый амардта хъомысджын паддзӕхты — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Дзырдтай, ӕнусмӕ уыдзынӕн ӕхсин, фӕлӕ, райсом цы уыдзӕни, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтай.
Сымах ницы фехъуыстат, ницы зыдтат уый тыххӕй. Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты. Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут, суанг уӕ мады гуыбынӕй фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.
Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?
Уымӕн ӕмӕ байгом сты йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ ныууагъта йӕ фыдракӕндтӕ. Уый цӕрдзӕни, нӕ амӕлдзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут-ма, куыд цӕрут, уымӕ:
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут уӕ цардмӕ.
Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: „Мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ ис, ӕмӕ хойрагӕй сӕ уӕлдай ныууадзынц, ӕз та ам стонгӕй мӕлын!
Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».
Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.