5 Кӕй халдих Мӕ схондзыстут? Кӕимӕ Мӕ абардзыстут, мӕнӕ уый ӕнгӕс у, зӕгъгӕ?
Цы кӕныс, денджыз, кӕдӕм лидзыс? Цы кӕныс, Иордан, фӕстӕмӕ цӕмӕн раздӕхтӕ?
Ды тыгъдызӕйау адӕмы ахӕссыс Дӕ разӕй, ӕмӕ ӕрбайсӕфынц фынау; кӕрдӕджы ’нгӕс сты уыдон — райсомӕй чи ӕрзайы, дидинӕг чи ракалы, изӕры та чи ахус вӕййы.
Нӕ тӕригъӕдтӕ нын равӕрдтай Дӕ разы, нӕ сусӕгтӕ Дӕ цӕсгомы рухсӕй раргом кодтай.
Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!
Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы? Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?
«Уӕдӕ Мӕ кӕй халдихыл нымайут, Мемӕ чи бары йӕхи?» — зӕгъы Стыр Хуыцау.
Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Уый Йӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ уыди Хуыцау, фӕлӕ Йӕхи Хуыцауы ӕмсӕр не ’вӕрдта,
Уый райгуырд ӕппӕт сфӕлдисыны размӕ, Уый у, цӕстӕй Кӕй нӕ уынӕм, уыцы Хуыцауы цӕстуынгӕ фӕлгонц.
Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс
Бакуывтой сырдӕн дӕр ӕмӕ дзырдтой: «Ацы сырдӕн ӕмбал нӕй, кӕй бон бауыдзӕн йемӕ тохы бацӕуын!»