2 Афӕлдӕхтысты мӕнг хуыцӕуттӕ, сӕхи нал фӕрӕзтой ӕмӕ сӕ уӕрджытыл ӕрхаудысты дыууӕйӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй уацармӕ ласт ӕрцыдысты.
Филистимӕгтӕн сӕ гуымирытӕ уым дзӕгъӕлӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм семӕ рахастой.
Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн.
Ау, мӕ фыдӕлтӕ кӕй ныццагътой, уыцы адӕмты — Гозан, Харан, Рецеф ӕмӕ, Телассары чи ис, уыцы Едены цӕрджыты — сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой?
басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты. Адӕймаг сӕ хъӕд ӕмӕ дурӕй скодта, ӕмӕ ассириӕгты бон уымӕн баци сӕ ныппырх кӕнын.
Хъӕдӕрмӕгӕй ма цы баззайы, уымӕй та адӕймаг йӕхицӕн скӕны гуымиры ӕмӕ йӕм йӕ уӕрджытыл бакувы, ды мӕ хуыцау дӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ.
Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.
Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.
Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз вавилойнаг гуымирыты ныззыгуым кӕндзынӕн. Вавилоны зӕхх ӕгасӕй дӕр фӕхудинаг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уӕлӕ мӕрдтӕ лӕзӕрдзысты.
Паддзахады хуыцаугӕндтӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ, алыхуызон хӕзнатӕ, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ — алцыдӕр йӕхи бакӕндзӕн. Мысырмӕ сӕ аласдзӕн ӕмӕ цалдӕр азы цӕгаты паддзахы нал бахъыгдардзӕн.
Ниневи, дӕуӕн та Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн: дӕ мыггаг дын сыскъуындзынӕн. Дӕ хуыцауы хӕдзары цы джиппыуагъд хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ гуымирытӕ ис, уыдон дын ныззыгуым кӕндзынӕн, дӕу та, ницӕйаджы, ингӕны хай бакӕндзынӕн.
Миха сын дзуапп радта: «Сымах радавтат, ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хуыцӕутты, ракодтат мын мӕ сауджыны! Ницыуал мӕм баззад! Ноджы ма мӕ, цы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, фӕрсут?»
Уый фӕстӕ бон, сӕумӕраджы, Ашдоды цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы. Систой йӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой.