7 Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.
Ау, дӕ хъустыл никуы ӕрцыд, Ӕз уыдӕттӕ раджы кӕй снысан кодтон, уый? Рагзаманы цы сфӕнд кодтон, уый ныр сӕххӕст кодтон: фидаргонд сахартӕ дурты кӕритӕ фестадысты.
Фӕлӕ мӕнӕ ис, цы сусӕг кодтай, уый, зонын дын Дӕ фӕндон.
«Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?» Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.
Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,
Уыдон райдыдтой кувын Пеоры хохы мӕнгхуыцау Баалӕн, мӕрдтӕн хаст нывӕндты фыд хордтой.
Дунедарӕг, фехъус мӕ, ныббар мын! Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг!»
О Йаковы Хуыцау, Ды сӕм бартхъирӕн кодтай, ӕмӕ бандзыг сты бӕхтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ.
Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи, Де знӕгтӕн Ды равдыстай Дӕ хъару, цӕмӕй фыдгултӕ базоной сӕ бон.
Дунедарӕджы зӕд мысырӕгтӕй израилӕгты ’хсӕн ӕрлӕууыди. Сау мигъау зынд иуӕрдыгӕй, иннӕрдыгӕй та ӕхсӕв рухс кодта. Мысырӕгтӕ уыцы ӕхсӕв нӕ баййӕфтой израилӕгты.
Афтӕмӕй куырыхон у Уый: фыдбылыз ӕруадздзӕн ӕмӕ Йӕ фӕнд нӕ аивдзӕн. Уый сыстдзӕни ӕнӕхуыцӕутты, фыдгӕнджытӕн ӕххуыс чи куры, уыдоны ныхмӕ.
Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.
Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.
Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, боныгон рухс кӕнынӕн хур Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс кӕной, уый тыххӕй уагӕвӕрдтӕ Чи скодта, денджызы уылӕнтӕ гуыр-гуыр куыд кӕной, афтӕ Чи сызмӕнты, Йӕ ном Уӕларвӕфсады Бардарӕг Кӕмӕн у:
«Ды Мӕ дзӕбуг дӕ, Мӕ тохгӕнӕн хӕцӕнгарз! Ӕз-иу дӕуӕй басастон адӕмты, паддзахӕдтӕ-иу бабын кодтон.
Фарн дӕр ӕмӕ бӕллӕх дӕр Стыр Хуыцауы ныхасӕй не ’рцӕуынц?
Дӕ сӕрмӕ арвыл цыдӕриддӕр рухсгӕнӕнтӕ ис, уыдон батар кӕндзынӕн ӕмӕ зӕххыл саудалынг бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ды раргом кӕныс арф сусӕгтӕ, талынджы Дӕ ницы ис бамбӕхсӕн. Ды кӕм дӕ, уым ӕппынӕдзухӕй рухс у.
Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.
Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?
Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Дунедарӕгмӕ уе ’ргом раздахут ӕмӕ цӕрдзыстут. Науӕд Уый пиллон артау ӕртыхсдзӕни Йосефы хӕдзарыл, басудздзӕни Вефил, ӕмӕ уыцы арт ахуыссын кӕнын никӕй бон уыдзӕн.
Фӕлӕ ацы сахар фесафдзӕн, доны бын ӕй фӕкӕндзӕн, Йе знӕгты саудалынгмӕ ныппардзӕн!
цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомыс ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй рагагъоммӕ нысангонд цы уыди, уый.
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау.
Йӕ кад чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты Уый стыр Тӕрхоны бонмӕ ӕнусон талынджы рӕхысбастӕй дары.