6 Уадз ӕмӕ скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ иууылдӕр базоной, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уый. Ӕз — Дунедарӕг.
Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.
Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн фыдми ӕмӕ знаггадӕн, уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы, афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.
Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».
Дунедарӕг зӕгъы: «Сымах Ме ’вдисӕнтӕ стут. О, сымах ӕмӕ Мӕ цагъар, Ме ’взӕрст. Мӕ хъуыддӕгтӕн стут ӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй Мӕ базонат, цӕмӕй баууӕндат, Ӕз Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау Мӕ разӕй дӕр кӕй никуы уыд ӕмӕ Мӕ фӕстӕ дӕр кӕй никуы уыдзӕн, ууыл.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.
Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ, кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр.
Уӕдӕ Мӕм ныр ӕрбайхъус, буцахуыр, ӕнӕмӕт ӕхсин, афтӕ чи зӕгъы: „Мӕнӕн ӕмбал нӕй, ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн, мӕ цот мӕ разӕй мӕрдтӕм нӕ бацӕудзысты“.
Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».
Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.
Бирӕ адӕмты раз сын равдисдзынӕн Ме стырад ӕмӕ Мӕ уаз ном, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.
Ӕз Мӕ кад раргом кӕндзынӕн адӕмтӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты Мӕ тӕрхон, Мӕ къухы уӕз Мын бавзардзысты сӕхиуыл.
Уӕд базондзыстут, Ӕз Израилы ’хсӕн кӕй цӕрын, уый, ӕмӕ Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй никуы ис. Ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нӕ фӕхудинаг уыдзысты.
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —