Исайа 45:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст19 Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕз мӕ сӕрмӕ уый не ’рхастон, ӕмӕ паддзахӕй ракурон, цӕмӕй нын немӕ, фӕндагыл нӕ фыдгултӕй бахизыны тыххӕй, хъахъхъӕнджытӕ рарвита. Уымӕн ӕмӕ, паддзахимӕ куы дзырдтам, уӕд ын нӕ ныхас уыди: нӕ Хуыцауыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыдоныл Уый Йӕ хӕрзаудӕг арм дары, йӕхи Йыл чи атигъ кӕны, уыдоны та Йӕ азары хай бакӕны.