Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 45:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 45:14
41 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Иу ахӕм хӕст ма уыди Гаты дӕр. Уым иу уӕйыгӕнгӕс лӕг, уый дӕр Рафайы байзӕддӕгтӕй, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтыл — ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ, ӕдӕппӕтӕй — цыппар ӕмӕ ссӕдз ӕнгуылдзы,


Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.


афтӕ ӕваст савайӕгтӕ ӕрбалӕбурдтой ӕмӕ сӕ атардтой. Дӕ кусджытӕ иууылдӕр карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».


Дӕхицӕн ӕнцад хуысдзынӕ, ӕмӕ дын тас никӕмӕйуал уыдзӕн, бирӕтӕ дӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдзысты.


Хуыцауы стауӕн ныхас — сӕ былалгъыл, сӕ къухы — дыкомыг кард,


сӕ паддзӕхты сын сбӕттой рӕхыстӕй, сӕ уӕздӕттыл сын хъадамантӕ бакӕной,


Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.


Мӕнӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ тасӕфтауӕг хъомысӕй бӕлӕсты къалиутӕ ныссӕтдзӕн! Бӕрзонд бӕлӕстӕ акӕлдзысты, бӕрзӕндтӕ ӕрфӕлдӕхдзысты.


Додой йӕ къона, йӕ базырты дыв-дыв кӕмӕн цӕуы, Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕ ӕрбынат кодта, уымӕн!


Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.


Афтӕмӕй Дунедарӕг Йӕхи раргом кӕндзӕни мысырӕгтӕн, ӕмӕ Йӕ уыдон базондзысты ӕмӕ Йын нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, сомы Йын ракӕндзысты ӕмӕ сӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзысты.


Афтӕмӕй Дунедарӕг Мысыры адӕмыл бафтаудзӕни Йӕ фыдӕх, цӕмӕй сын уый фӕрцы сӕ цард банывыл кӕна. Уыдон Дунедарӕгмӕ се ’ргом сараздзысты, ӕмӕ сын Уый фехъусдзӕни сӕ куывдтытӕ ӕмӕ сын ахъаз бакӕндзӕн.


Фӕлӕ ныр йӕ сӕудӕджеры бакуыст, йе ’фтиаг нывонд кӕндзӕни Дунедарӕгӕн. Къӕбицтӕ ӕмӕ йӕ ӕфтауцуӕттӕм не ’мбырд кӕндзысты, фӕлӕ йӕ дӕтдзысты, Дунедарӕджы раз аргъуыцгӕнгӕ чи цӕры, уыдонӕн, цӕмӕй сӕхи ӕфсадой ӕмӕ цӕуой зынаргъ дарӕсы.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.


Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут. Уӕхӕдӕг Мын ӕвдисӕн стут — цы хабӕрттӕ цӕуы ныртӕккӕ, ӕппӕт уыдон уын рагагъоммӕ исты Ӕз нӕ дзырдтон? Мӕн йеддӕмӕ чи у Хуыцау? Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕ зонын Ӕз».


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


Дӕ байзӕддӕгтӕ сбирӕ уыдзысты, афсӕрдзысты хуссармӕ ӕмӕ цӕгатӕрдӕм, сӕ дӕлбар бакӕндзысты алы адӕмты, ӕрцӕрдзысты гӕныстон сахарты».


Сымах фӕрцы Мӕ ныр базондзысты алы адӕмтӕ. Фӕдзурдзыстут, кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уын уӕхи чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ уӕм цӕудзысты ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ фендзысты, Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау, сымах куыд скадджын кодтон, уый».


Адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты дӕ рухсмӕ, сӕ паддзӕхты ӕрфӕнддзӕн дӕ тӕмӕнкалгӕ рухс фенын.


Ӕмӕ сӕ цотӕн алы адӕмтыл айхъуысдзӕни сӕ хорзы кой, сӕ байзӕддӕгтӕ скадджын уыдзысты алы знӕмты астӕу. Чи-иу сӕ фена, уыдон ӕмбардзысты, Дунедарӕг арфӕ кӕмӕн ракодта, ахӕм адӕм кӕй сты, уый».


О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.


Фынгӕй-иу райхъуыст адӕмы ӕнӕмӕт уынӕр, ӕдзӕрӕг быдырӕй-иу сӕм, бирӕ адӕмты ’хсӕнӕй, ӕрбахуындӕуыд нозтӕмхицты, ӕмӕ-иу сын уыдон сӕ къухтыл бакодтой цонгдарӕнтӕ, сӕ сӕртыл та-иу сын ӕркодтой рӕсугъд кады худтӕ».


Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.


Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты уын иудейӕгты къухтӕм ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уыдон савайӕгтӕн, уӕ зӕххӕй дард цы адӕм цӕрынц, уыдонӕн ауӕй кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Фӕлӕ, уырдӕм йемӕ цы лӕгтӕ ацыд, уыдон дзырдтой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ мах ницы бакӕндзыстӕм, уыдон махӕй тыхджындӕр сты!»


Раргом уыдзысты йӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ, ӕмӕ уӕд ныддӕлгом уыдзӕн зӕххыл, бакувдзӕн Хуыцаумӕ ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Хуыцау ӕцӕгдӕр уемӕ ис».


Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл — сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ