Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 45:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕз басидтӕн Кирмӕ, сразӕнгард ӕй кодтон Мӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йын йӕ развӕндаг слӕгъз кӕндзынӕн. Уый Мын ногӕй сараздзӕни Мӕ сахар, уацарӕй ссӕрибар кӕндзӕни Мӕ адӕмы, мызд ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ бацагурдзӕн, афтӕмӕй», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 45:13
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ.


Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты.


дуне-иу ӕдзӕрӕг быдыр чи фестын кодта, сахартӕ та — хӕлддзӕгтӕ, йӕ уацайрӕгтӕн сӕрибар чи нӕ лӕвӕрдта?»


Скӕсӕны Чи растын кодта рӕстӕвзары, Чи йӕ рацӕуын кодта Йӕ фӕдыл? Йӕ дӕлбар ын бакодта адӕмты, йӕ къӕхты бын — паддзӕхты. Уый сӕ йӕ кардӕй фӕнык фестын кодта, йӕ фатӕй сӕ ныззыгуым кодта.


Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.


«Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ, Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ — ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн дӕ разӕй ӕмӕ дын дӕ развӕндагыл зӕххӕмвӕз скӕндзынӕн алы хох, ныссӕтдзынӕн алы ӕрхуы дуар, ныппырх сын кӕндзынӕн се ’фсӕн ӕхгӕнӕнтӕ.


Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Дунедарӕг зӕгъы: «Хъомысджын уацары кӕй акӕна, уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты, тыхджынӕн дӕр йе ’фтиаг байсдзысты. Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.


Ӕмӕ Мын цы кӕнгӕ у ныр? Мӕ адӕмы Мын акодтой лӕвар, сӕ хицӕуттӕ дзыназынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Мын ӕппынӕдзух, ӕрвылбон фауынц Мӕ ном.


Хъизӕмар кӕн ӕмӕ фыр рыстӕй удхарӕй мӕл, Сионы чызг! Ныр ацӕудзынӕ дӕ сахарӕй ӕмӕ цӕрдзынӕ быдыры. Вавилонмӕ ахӕццӕ уыдзынӕ ӕмӕ уым фервӕздзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ уыцы ран Дунедарӕг де знӕгты къухӕй балхӕндзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ