6 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды дӕ дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау. Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.
Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».
Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы? Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?
Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.
«Уӕ хъаст ӕрбахӕссут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Бӕлвырдгӕнӕнтӕ равдисут», — зӕгъы Йаковы Паддзах. —
Ацы хабӕрттӕ Кӕй фӕрцы ӕрцӕуынц, уый Чи у? Уый у, адӕмты фӕлтӕртӕн райдианӕй нырмӕ дунейы рухс Чи фенын кӕны, уыцы Хуыцау. Ӕз Дунедарӕг дӕн. Райдианы дӕр Ӕз дӕн ӕмӕ фӕстаг заман дӕр Ӕз уыдзынӕн».
Ӕз Дунедарӕг дӕн. Уый Мӕ ном у, ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн.
Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!
Иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт адӕмтӕ, ӕртыгуыр уӕнт дзыллӕтӕ! Фӕлӕ уыцы хъуыддаг кӕй ӕрцӕудзӕн, уый сӕ рагацау чи загъта? Ӕрбакӕнӕнт сӕхицӕн ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ сӕхи сраст кӕнӕнт, цӕмӕй хъусджытӕ зӕгъой, раст сты, зӕгъгӕ!
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.
Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут. Уӕхӕдӕг Мын ӕвдисӕн стут — цы хабӕрттӕ цӕуы ныртӕккӕ, ӕппӕт уыдон уын рагагъоммӕ исты Ӕз нӕ дзырдтон? Мӕн йеддӕмӕ чи у Хуыцау? Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕ зонын Ӕз».
Ӕрбайхъусут Мӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн, уыцы Израил! Уый Ӕз дӕн! Ӕз — Фыццаг, ӕмӕ Ӕз — Фӕстаг!
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Израилы Уаз Хуыцау: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уӕ размӕ хонын уӕ царды фӕндагыл, ахуыр уӕ кӕнын, ахъаз уын цы фӕуыдзӕн, ууыл.
Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг — дӕ Сӕрыхицау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Дӕ Ирвӕзынгӕнӕг у Израилы Стыр Хуыцау, ӕгас зӕххы Хуыцау — афтӕ Йӕ хонынц.
«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.
Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».
Израилы байзӕддӕгтӕ, байхъусут, Дунедарӕг уын цы зӕгъы, уымӕ!
Фӕлӕ хъомысджын у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Уый рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл, сӕ зӕхх сын басабыр кӕндзӕн, Вавилоны цӕрджытыл та катай бахӕцын кӕндзӕн.
Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.
Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.
Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыдтой, фыст ыл уыди Йӕ азым: «АЙ У ЙЕСО, ИУДЕЙӔГТЫ ПАДДЗАХ».
Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!
Сымахӕн ӕппӕт уыдӕттӕ равдыстӕуыд, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау кӕй нӕй.
Зонут уӕдӕ ӕмӕ уӕ зӕрдыл бадарут: Дунедарӕг у Хуыцау уӕлейӕ, арвыл, ӕмӕ бынӕй, зӕххыл, ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау нӕй.
Байхъус, Израил! Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, у иунӕг Хуыцау!
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.
Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».
«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.
Смирнӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, мард Чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас Чи у, Уый афтӕ зӕгъы:
Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».