Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 44:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 44:25
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».


Ахитофелы уынаффӕтӕ уыцы заман нымад уыдысты, цыма исчи зондамынд Хуыцауӕй куырдта, уыйау. Ахӕм кад ын кодтой йӕ алы уынаффӕйӕн Давид дӕр ӕмӕ Авессалом дӕр.


Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Паддзах амарди, йӕ мард ын Самаримӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.


Иннӕ пехуымпартӕ дӕр се ’ппӕт дӕр фӕзмыдтой Цедекиайы, пехуымпариуӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацу Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕуӕлахиз уыдзынӕ! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухтӕм ратдзӕн».


Хӕст уыцы бон йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацыд. Ӕмӕ Израилы паддзах, сириӕгтӕ йӕ куыд уыной, афтӕ йӕ уӕрдоны уырдыг фӕлӕууыди изӕрмӕ. Хурныгуылды фӕстӕ амарди.


Дунедарӕгӕн кад кӕнут, Йӕ сыгъдӕджытӕ: Хуыцауы тас кӕй ис, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц.


Кӕлӕнгӕнджыты бон нал уыд Моисеимӕ сӕ тых ӕвзарын: уыдоны буар дӕр, иннӕ мысырӕгтау, хӕфдзӕстытӕ фестад.


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?


Йӕ дӕсныфӕрсджытӕ Мӕ карды цӕфӕй сӕрра уыдзысты, йӕ хӕстонтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцдзӕн.


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.


Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.


Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.


Пехуымпартӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты, дӕсныфӕрсджытӕ фӕхудинаг уыдысты, сӕ цӕсгӕмттӕ ӕрӕмбӕрздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг дзуапп нал ратдзӕн».


Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй.


Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ