Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 44:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ахӕм адӕймагӕн йӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, нӕ зоны ӕмӕ не ’мбары, науӕд зӕгъид: «Уый цы ми кӕнын? Бӕласӕн йе ’мбис арты басыгътон, зынгыл сфыхтон дзул, скодтон физонӕг ӕмӕ бахордтон. Цы ма дзы баззади, уымӕй та ацы ӕлгъаг дзаума куыд аразын? Куыд хъуамӕ бакувон хъӕды лыггагмӕ?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 44:19
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.


Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.


Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.


Табуйаг дуртӕ тӕгӕлтӕ фӕхауын кодта ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдта. Кӕм уыдысты, уыцы бынӕттӕ мӕрдты стджыты бын фӕкодта.


Цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй аздӕхт йӕ галуанмӕ.


Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.


Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Ӕмӕ уыдӕттӕ ма рох кӕнут, хивастытӕ, уӕ зӕрдыл сӕ дарут!


Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмы ӕнӕнхъӕлӕджы акӕндзысты уацары; уым сӕ уӕздӕттӕ сыдӕй мӕлдзысты, иннӕ адӕм та — дойныйӕ.


Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


Уыцы лӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Кӕс дӕ цӕстытӕй, хъус дӕ хъустӕй ӕмӕ фиппай, цыдӕриддӕр дын равдисон, уыдӕттӕ. Ардӕм уый тыххӕй конд ӕрцыдтӕ, цӕмӕй дын сӕ равдисон. Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фенай, уый-иу Израилы адӕмӕн радзур».


Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.


Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут-ма, куыд цӕрут, уымӕ:


„Ӕлгъыст фӕуӕд, Дунедарӕгӕн ӕлгъаг чи у, ахӕм гуымиры чи сараза, ӕрмдӕсныйы конд гуымиры сусӕгӕй чи сӕвӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


уӕд загъта: «Ацы ныхӕстӕ уӕ зӕрдыл бадарут ӕмӕ сӕ уӕ цотӕн амонут, цӕмӕй ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ