Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 44:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Адӕймаг уыцы бӕлӕстӕн сӕ сугӕй арт скӕны йӕхи батавын ӕмӕ дзул сфыцынӕн, иннахӕм — уыцы бӕлӕстӕн сӕ хъӕдӕй скӕны хуыцауы сурӕт, цӕмӕй ӕрзоныг кӕна йӕ разы ӕмӕ гуымирымӕ кува.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 44:15
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амациа едомӕгты куы ныддӕрӕн кодта, уӕд йемӕ ӕрбахаста Сеиры хуыцаугӕндты, йӕхицӕн сӕ хуыцӕуттӕ скодта, кувын ӕмӕ сын буд судзын райдыдта.


Сӕ зӕхх байдзаг ис гуымирытӕй; табу кӕнынц, сӕхи къухӕй кӕй фӕцарӕзтой, уыдонӕн.


Чи аразы йӕхицӕн хуыцау ӕмӕ, бынтондӕр пайда кӕмӕй нӕ уыдзӕн, уыцы гуымиры джиппы чи уадзы?


Уыцы сурӕт саразыны тыххӕй ракалы кедр, йе та равзары тулдз кӕнӕ ӕндӕр исты фидар бӕлас, йе та ныссадзы нӕзы бӕлас ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ йын хъӕды бӕлӕсты ӕхсӕн уарынтӕм дзӕбӕх нӕ сырӕзы, уӕдмӕ.


Афтӕмӕй бӕласӕн йӕ иу хай ӕрцӕуы арты сыгъд, ӕмӕ адӕймаг уыцы артыл йӕхицӕн сфыцы дзидза, скӕны физонӕг. Йӕ фаг куы бахӕры ӕмӕ куы бахъарм вӕййы, уӕд фӕзӕгъы, куыд дзӕбӕх бахъарм дӕн арты фарсмӕ, зӕгъгӕ.


Хъӕдӕрмӕгӕй ма цы баззайы, уымӕй та адӕймаг йӕхицӕн скӕны гуымиры ӕмӕ йӕм йӕ уӕрджытыл бакувы, ды мӕ хуыцау дӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ.


Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Сӕ чыссӕтӕй скалынц сӕ сыгъзӕринтӕ, тӕразыл абарынц ӕвзист ӕмӕ баххуырсынц згъӕртайынгӕнӕджы, цӕмӕй сын сӕ скӕна хуыцау. Сӕ хуыцау куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йӕм бакувынц.


Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не ’рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын.


Фӕлӕ-иу куыддӕр фӕтӕг амарди, афтӕ та-иу израилӕгтӕ ногӕй сӕ раздӕры митӕм раздӕхтысты, сӕ фыдӕлтӕй-иу фӕфыддӕр сты, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад ӕмӕ табу кодтой, сӕ фыдгӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ хивастӕй цыдысты сӕ раздӕры фӕндагыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ