Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 44:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уыцы сурӕт саразыны тыххӕй ракалы кедр, йе та равзары тулдз кӕнӕ ӕндӕр исты фидар бӕлас, йе та ныссадзы нӕзы бӕлас ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ йын хъӕды бӕлӕсты ӕхсӕн уарынтӕм дзӕбӕх нӕ сырӕзы, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 44:14
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ къух кӕмӕн нӕ амоны, уый та ахӕм лӕвар бакӕнынӕн равзары, ӕмбигӕ чи нӕ кӕны, ахӕм хъӕды лыггаг, ссары арӕхстджын ӕрмдӕсны, ӕмӕ йын уыцы хъӕдӕй скӕнын кӕны хуыцаугонд, йӕ бынаты фидар чи лӕууа, ахӕм.


Хъӕддӕсны синагӕй рабары ӕмӕ цыргъагӕй ӕрхӕххытӕ кӕны хъӕды лыггагыл, стӕй йӕ сартӕй къахын райдайы, цалынмӕ дзы адӕймаджы аив сурӕт рауайы, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ йӕ кувӕн бынаты сӕвӕры.


Адӕймаг уыцы бӕлӕстӕн сӕ сугӕй арт скӕны йӕхи батавын ӕмӕ дзул сфыцынӕн, иннахӕм — уыцы бӕлӕстӕн сӕ хъӕдӕй скӕны хуыцауы сурӕт, цӕмӕй ӕрзоныг кӕна йӕ разы ӕмӕ гуымирымӕ кува.


Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.


Додой йӕ къона, суджы лыггагмӕ, райгас у, зӕгъгӕ, чи сиды, ӕгомыг дурӕн, сыст, зӕгъгӕ, чи дзуры! Ау, уыдон ӕй истӕуыл сахуыр кӕндзысты? Кӕд сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд сты, уӕддӕр сӕ мидӕг уд нӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ