Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 44:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дӕсны куырд ӕфсӕйнаджы мур райсы, зынджытыл ӕй ӕртайын кӕны ӕмӕ йӕ дзӕбугӕй хойын райдайы. Йе ’ппӕт хъарутӕ йыл бахардз кӕны, бафӕллайы, бастайы, къӕбӕр ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕвӕййы, цалынмӕ уыцы ӕфсӕйнаджы мурӕй фӕрӕт саразы, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 44:12
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!»


Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“»


Ӕрмдӕсныйы арӕзт джиппыуагъд хуыцаугонд? Зӕрингуырд ӕй скӕны сыгъзӕринӕй, сфӕлынды йӕ ӕвзист рӕхыстӕй.


Йӕ къух кӕмӕн нӕ амоны, уый та ахӕм лӕвар бакӕнынӕн равзары, ӕмбигӕ чи нӕ кӕны, ахӕм хъӕды лыггаг, ссары арӕхстджын ӕрмдӕсны, ӕмӕ йын уыцы хъӕдӕй скӕнын кӕны хуыцаугонд, йӕ бынаты фидар чи лӕууа, ахӕм.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг рагацау снысан кодта: адӕмты фӕллӕйттӕ арты басудздзысты, сӕ хъиамӕт ӕнӕпайда фӕуыдзӕн.


Цы пайда ис, ӕрмдӕсны кӕй сарӕзта, уыцы хуыцаугондӕй, ӕрмӕст мӕнгдзинадыл чи ахуыр кӕны, уыцы джиппыуагъд гуымирыйӕ? Ӕрмдӕсны ӕууӕнды йӕхи къухӕй конд дзаумайыл, афтӕмӕй уый та ӕгомыг гуымирыйӕ уӕлдай ницы у.


Уый фӕстӕ мын Дунедарӕг равдыста цыппар кусӕджы.


Лӕггад кӕндзыстут уым адӕймаджы къухӕй конд дурын ӕмӕ хъӕдын хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр, хӕргӕ дӕр ӕмӕ ӕмбудгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ