27 Уӕ фыдӕл Йаков дӕр ракодта тӕригъӕд, уӕ раздзӕуджытӕ рацыдысты Мӕ ныхмӕ.
Нӕ фыдӕлты тӕригъӕдтӕ махӕн фидинаг ма фӕкӕн, Дӕ хорзӕх ныл ӕвӕстиатӕй ӕруадз, науӕд байсысти нӕ хъару.
Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.
Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц.
Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.
Хъуымызбыл залымтӕ ӕфхӕрынц мӕ адӕмы, сылгоймӕгтӕ кӕнынц ӕлдариуӕг. Уӕ мӕ адӕм! Дӕ раздзӕуджытӕ дӕ рӕдийын кӕнынц, галиу фӕндагыл дӕ ардауынц.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.
Бакӕсут-ма уӕ фыдӕл Аврааммӕ ӕмӕ уӕ мадӕл Саррӕмӕ! Аврааммӕ куы басидтӕн, уӕд ӕнӕбындар уыд, фӕлӕ Йын Ӕз раарфӕ кодтон, ӕмӕ йӕ байзӕддаг ныббирӕ сты.
Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!
адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ сӕ дзырддзӕугӕтӕ — сӕр, мӕнгпехуымпартӕ — дымӕг.
Не ’лгъаг миты аныгъуылдыстӕм ӕмӕ фӕхудинаг стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕдтӕ фӕкодтам; не ’взонджы бонтӕй абоны онг мах Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ныхасмӕ нӕ хъуыстам».
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: „Мах куырыхон стӕм, Дунедарӕджы Ӕгъдау немӕ ис“? Динамонджыты мӕнг ныхӕстӕ уыцы Ӕгъдау дӕр смӕнг кодтой!
Куырыхонтӕ фӕхудинаг сты, тас сыл бахӕцыд ӕмӕ къӕппӕджы бахаудысты. Цӕй мидӕг ис сӕ уӕлзонд, кӕд ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасӕй се ’ргом аздӕхтой, уӕд?
Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Йерусалимӕн: ды сӕнтыстӕ ӕмӕ райгуырдтӕ Ханааны зӕххыл. Дӕ фыд амораг у, дӕ мад та — хеттаг.
Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
Мӕ уагӕвӕрдтӕй Мын суанг уӕ фыдӕлты заман уе ’ргом аздӕхтат, нӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Раздӕхут Мӕм, ӕмӕ уӕм уӕд Ӕз дӕр Ме ’ргом раздахдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сымах Мын дзурут: «Куыд Дӕм раздӕхӕм?»
Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца.
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Куы сбон ис, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йесойӕн марыны тӕрхон рахӕссой.
Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ:
Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ — мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕтӕн йӕ бар цӕуын райдыдта ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тӕригъӕды бацыдысты.