Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 43:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 43:25
37 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ цагъарӕн, стӕй Дӕ адӕм Израилӕн-иу фехъус сӕ алы куывд дӕр. Уыдон-иу ацы бынатмӕ се ’ргом куы саразой ӕмӕ куы кувой, уӕд-иу сӕ фехъус Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ-иу сын ныббар сӕ азым.


Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ, сыфтӕрты ’хсӕнӕй хъуысы сӕ зарын.


дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.


Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, — батӕригъӕд мын кӕн, фыдбылызӕй мӕ бахиз!


Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй, Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн.


Цы ’ппӕлыс дӕ фыдракӕндӕй, тыхджын? Хуыцауы хорзӕх иудадзыг мемӕ ис.


Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.


«Ацы адӕймагӕн йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди, йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл, йӕ фыдракӕндты фӕрцы схъӕздыг ис».


Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.


Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».


Мӕ хъизӕмар мын хорзӕрдӕм фӕци. Ингӕны къӕсӕрӕй мӕ раздӕхтай, мӕ тӕригъӕдтӕ мын Дӕ фӕсчъылдыммӕ фехстай дард.


Дунедарӕг ӕрмӕстдӕр Ӕз дӕн! Мӕн йеддӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг ничи у!


Мигъау уын ӕрбайсӕфтон уӕ азымтӕ, ӕврагъау — уӕ тӕригъӕдтӕ. Раздӕхут Мӕм — Ӕз уӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕн».


Мӕхи сӕраппонд, ӕрмӕстдӕр Мӕхи сӕраппонд ирвӕзын кӕнын сымах — Мӕ ном фегад кӕнын нӕ бауадздзынӕн. Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн.


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


О, фӕлӕ, Дунедарӕг, Ды нӕ Фыд дӕ! Мах ӕлыг стӕм, Ды та — не Скӕнӕг. Скодтай нӕ Дӕхи къухтӕй.


Ӕгӕр нӕм ма мӕсты кӕн, Дунедарӕг, мыггагмӕ Дӕ зӕрдыл ма дар нӕ азым. Ӕркӕс-ма нӕм, мах иууылдӕр Дӕ адӕм куы стӕм!


Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Израилӕн агурдзысты йӕ азым, фӕлӕ аххосджын нӕ разындзӕн, Иудӕйӕн агурдзысты йӕ тӕригъӕд, фӕлӕ йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз, цардӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн ныххатыр кӕндзынӕн.


Уымӕй размӕ цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уыдон ын йӕ цӕстмӕ нӕ бадардӕуыдзӕн ӕмӕ, цы раст хъуыддӕгтӕ кӕна, уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн.


Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй цӕстыты раз сӕ ракодтон, уыцы адӕмтӕ.


Фӕлӕ Ӕз Мӕ къух ӕруагътон ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй цӕстыты раз сӕ ракодтон, уыцы адӕмтӕ.


Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй ӕхсӕн цардысты, уыцы адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыдоны раз раргом кодтон Мӕхи, Мысыры зӕххӕй сӕ ракӕныны охыл.


Цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ ракодта, уыдонӕй йын иу дӕр нӕ бадардӕуыдзӕн йӕ цӕстмӕ; рӕстӕй цӕрын райдыдта ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни“.


Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕм, сымах тыххӕй нӕ, фӕлӕ Мын, ӕцӕгӕлон адӕмтӕм бацӕугӕйӕ, кӕй фегад кодтат, уыцы уаз номы сӕраппонд ахӕм хъуыддаг бакӕндзынӕн.


Мӕн фӕнды, цӕмӕй зонат: сымах сӕраппонд нӕ кӕндзынӕн ацы хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Израилы адӕм, уӕ цӕсгом фыр ӕфсӕрмӕй судзӕд уӕ фыдракӕндты аххосӕй.


«Уый цытӕ дзуры? Хуыцауы куы фауы! Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхимидӕг райдыдтой дзурын: «Уый хӕрам ныхас нӕу? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.


Ӕгъдау ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы сбирӕ ис, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр парахат сси,


Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй.


ӕмӕ нын ӕй радта рӕдауӕй, цӕмӕй уӕм ӕххӕст алы уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынадӕй.


Загъта ма: «Нал сын ӕрымысдзынӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ ӕнӕуаг митӕ».


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз ныббардзынӕн сӕ галиу митӕ, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ