17 Уӕд, йӕ зӕрдӕ гуымирытыл чи дардта, сымах нӕ хуыцӕуттӕ стут, зӕгъгӕ, сын табу чи кодта, уыдон худинаджы бын фӕуыдзысты ӕмӕ алидздзысты».
Уый амардта хъомысджын паддзӕхты — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, цинвӕдис кӕнӕд дун-дуне йе ’ппӕт цӕрджытимӕ!
Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!»
Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“»
Уӕ цӕсгом ссудздзӕн, уӕ зӕрдӕ кӕмӕн радтат, уыцы тулдзты тыххӕй, фегад уыдзыстут уӕ равзӕрст къохты аххосӕй.
Чидӕриддӕр ӕм бакува — ӕнӕмӕнг фегад уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы гуымиры саразӕг адӕймаг у. Уӕдӕ уыцы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕнт. Фӕтӕрсдзысты ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.
Хъӕдӕрмӕгӕй ма цы баззайы, уымӕй та адӕймаг йӕхицӕн скӕны гуымиры ӕмӕ йӕм йӕ уӕрджытыл бакувы, ды мӕ хуыцау дӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ.
Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницӕйӕгтӕ сты. Афтӕ уарзон сын чи у, уыдонӕй ӕппындӕр кӕй ницы пайда ис, уымӕн сӕхӕдӕг ӕвдисӕн. Сӕ гуымирытӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц. Уымӕ гӕсгӕ сыл худинаджы ном сбаддзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъартӕн уыдзӕни хӕринаг, сымах та сыдӕй мӕлдзыстут. Мӕ цагъартӕн уыдзӕни нуазинаг, сымах та мӕлдзыстут дойныйӕ.
Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.