5 Денджызгӕрон сахарты цӕрджытыл, ацы цаутӕ фенгӕйӕ, ризӕг бахӕцыд, зӕххы цъары алы кӕрӕтты дӕр адӕм базыр-зыр кодтой. Ӕрбангом сты, иумӕ ӕрбамбырд сты.
Уыдонӕй равзӕрдысты, денджызы сакъадӕхтыл чи ӕрцарди, уыцы адӕмтӕ. Гъе адон сты Йафеты байзӕддӕгтӕ. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдон се ’ппӕт дӕр дих кодтой хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыдис йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.
Адӕмтӕ! Арфӕ ракӕнут нӕ Хуыцауӕн, скад Ын кӕнут хъӕрӕй!
Уый нын нӕ цард хъахъхъӕны ӕмӕ нӕ фӕцудын нӕ уадзы.
цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.
Иунӕджытӕн Хуыцау бинонтӕ ратты, ахӕстыты суӕгъд кӕны сӕ рӕхыстӕй, змӕнтджытӕ та баззайынц хурсыгъд ӕдзӕрӕг быдыры.
Уыдӕттӕ фехъуыстой алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц! Филистимы цӕрджыты стыр тас бацыд,
«Ӕдзӕмӕй Мӕм хъусут, денджызы сакъадӕхтӕ ӕмӕ денджызгӕрон зӕххытӕ! Сӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кӕнӕнт адӕмтӕ, ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт, тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм иумӕ, зӕгъгӕ!
Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц, фидар лӕуу, зӕгъгӕ.
Ныр дӕ сӕфты бон куы нынкъуысыдысты денджызгӕрон бӕстӕтӕ, ӕвирхъау тас сыл куы бахӕцыд дӕ сӕфты азармӕ кӕсгӕйӕ“».
Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Мысырӕй фӕндагыл уын Дунедарӕг Сырх денджыз уӕ размӕ куыд байсысын кодта ӕмӕ Иорданы фале дыууӕ амораг паддзахӕн, Сигонӕн ӕмӕ Огӕн, сӕ быныхъӕр куыд ссӕуын кодтат.
Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.