Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 41:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Афтӕмӕй Ӕз адӕмтыл афӕлгӕсыдтӕн, ӕмӕ се ’хсӕн иу хуыцау дӕр нӕ разынд, зондӕй кӕй бафӕрсой, ахӕм. Никӕй сӕм федтон, кӕй бафӕрсон, ахӕм хуыцау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 41:28
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны.


Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.


Стыр дисы бафтыд, сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл. Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз, Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.


Ӕз кастӕн, ӕмӕ Мын чи баххуыс кодтаид, иу ахӕм нӕ разынд, дисы дӕр ма бацыдтӕн, Мӕ фарсмӕ куыд ничи ӕрбалӕууыди, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Мын баххуыс кодта Мӕхи хъомыс, Мӕ маст Мын радта хъомыс.


Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, сӕргӕвддзысты уӕ фосау! Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат, ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоныл бафтыдыстут».


Паддзахы куырыхонтӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты, фӕлӕ фыст бакӕсын ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый паддзахӕн радзурын сӕ иуы бон дӕр нӕ баци.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ