Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 41:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Уӕ хуыцӕуттӕ нын ӕрхӕссӕнт бӕлвырд ӕвдисӕйнӕгтӕ, рагацау фехъусын кӕнӕнт, фидӕны цы ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕ. Сӕ ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уой, уӕд сыл баууӕнддзыстӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 41:22
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сымахӕрдыгӕй рагацау чи загъта уыцы рӕстӕвзары тыххӕй, цӕмӕй мах дзӕвгар фӕстӕдӕр балхынцъ кӕнӕм, раст загъта, зӕгъгӕ? Ничи загъта, ничи фехъусын кодта. Уӕ ныхӕстӕ уын хъусгӕ дӕр ничи фӕкодта.


Раздӕр цы загътон, уый сӕххӕст ис. Ныр та зӕгъдзынӕн ног ныхас, зӕгъдзынӕн ӕй рагагъоммӕ, цалынмӕ нӕма сӕххӕст ис, уӕдмӕ».


Кӕй ис абарӕн Мемӕ? Йӕхи Мын раргом кӕнӕд уый, хъӕрӕй зӕгъӕд, фӕд-фӕдыл цаутӕ радзурӕд: Ӕз рагон адӕмы куы сфӕлдыстон, уӕдӕй нырмӕ цытӕ ӕрцыд ӕмӕ цытӕ ӕрцӕудзӕн фидӕны, зӕгъӕд сӕ.


Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут, баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут, абон цытӕ цӕуы, уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта, Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви? Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау — рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау.


Уе ’ргом Мӕм раздахут, ӕппӕт дзыллӕтӕ, ӕмӕ фервӕзат, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Хуыцау, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.


Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.


Уе ’ппӕт дӕр ӕрбамбырд ут ӕмӕ байхъусут! Мӕн йеддӕмӕ рагацау чи фехъусын кодта, ныр цы ӕрцӕудзӕн, уый? Ӕз ацы лӕджы бауарзтон ӕмӕ Мын уый сӕххӕст кӕндзӕни Мӕ фӕндон — Вавилонӕн цы тӕрхон рахастон, уый. Халдейӕгтӕн фенын кӕндзӕни Мӕ хъомыс.


Рагацау цы дзырдтон, Мӕ дзыхӕй цы рацыди, уый сӕххӕст. Ныр дӕр, цы фӕзӕгъын, уый сӕххӕст вӕййы уайтагъд.


Уый тыххӕй уын Ӕз зӕгъын рагацау, цалынмӕ нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ, цӕмӕй сымах, куы ’рцӕуа, уӕд баууӕндат: УЫЙ ӔЗ ДӔН.


Уый Мын скад скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, Мӕнӕй цы фехъуса, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ