20 цӕмӕй феной ӕмӕ базоной, ӕркӕсой ӕмӕ бамбарой: Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы, конд сты».
Чи нӕ зоны, алцыдӕр Дунедарӕг сфӕлдыста, уый?
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.
Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй лӕвӕрд у. Уымӕн та Йӕ фӕндтӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмбисонды диссаг сты, Йӕ уӕлзондӕн ӕмбал нӕй.
Уӕд, галиу фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл, уыдонмӕ ӕмбаргӕ зонд ӕрцӕудзӕн, ӕнӕсӕттонтӕ коммӕ кӕсын базондзысты».
Ӕмӕ Дунедарӕджы кад раргом уыдзӕн, ӕмӕ Йӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн! Дунедарӕг Йӕхӕдӕг загъта афтӕ».
Ацы хабӕрттӕ Кӕй фӕрцы ӕрцӕуынц, уый Чи у? Уый у, адӕмты фӕлтӕртӕн райдианӕй нырмӕ дунейы рухс Чи фенын кӕны, уыцы Хуыцау. Ӕз Дунедарӕг дӕн. Райдианы дӕр Ӕз дӕн ӕмӕ фӕстаг заман дӕр Ӕз уыдзынӕн».
Ӕз Дунедарӕг дӕн, уе Стыр Хуыцау, Израилы Сфӕлдисӕг, уӕ Паддзах!»
Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн, ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты Мӕ кад, Мӕ ном».
Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.
Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».
Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.
Ӕз сын зонын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ цӕуын алы адӕмты, алы ’взӕгтыл чи дзуры, уыдоны ӕрӕмбырд кӕнынмӕ. Ӕрцӕудзысты уыдон ӕмӕ Мын фендзысты Мӕ кад.
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“
куы ’рцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.