Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 41:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Хӕхтыл сын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, дӕлвӕзты сын фестын кӕндзынӕн суадӕттӕ, ӕдзӕрӕг быдыры сын айтындздзынӕн цад, сыгъд зӕххы азгъордзысты къададӕттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 41:18
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ сомы уагӕвӕрдау радта Йаковӕн, ӕнусон фидыдау — Израилӕн.


Ӕмӕ сӕ радта ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм, фыдгултӕ сын хицӕуттӕ систы.


Бӕгъатыры къухы фаттӕ куыд сты, афтӕ сты фырттӕ дӕр се ’рыгонӕй.


Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.


Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон.


Фыдгултӕ цагъды куы фӕуой, сӕ фидӕрттӕ куы ныппырх уой, уыцы бон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕй азгъордзысты суадӕттӕ, къададӕттӕ.


Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.


Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.


Райӕд фыр цинӕй ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус зӕхх, ӕрнӕг тыгъдад цинхъӕр кӕнӕд ӕмӕ дидинфӕз фестӕд!


Донмӕ бӕллӕджы Ӕз донхорыг скӕндзынӕн, ӕнӕ донӕй баруайӕджы бафсаддзынӕн донӕй. Уӕ мыггаджы уын Мӕ Уды фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, Мӕ арфӕ уын ӕруадздзынӕн уӕ фӕстагӕттыл.


Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъартӕн уыдзӕни хӕринаг, сымах та сыдӕй мӕлдзыстут. Мӕ цагъартӕн уыдзӕни нуазинаг, сымах та мӕлдзыстут дойныйӕ.


Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.


Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Уӕд Хуыцау Лехийы сахары цур айнӕджы цъасс байгом кодта, ӕмӕ дзы дон ракалди. Самсон йӕ дойны куы суагъта, уӕд ӕм йӕ хъару раздӕхт ӕмӕ йӕхимӕ ’рцыди. Лехийы раз цы суадон фӕзынд, уымӕн абоны онг дӕр ис ахӕм ном — Ен-ха-Коре.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ