Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 41:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕз уӕ сарӕзтон найгӕнӕн дзоныгъ, цыргъдӕндагджын, ӕмӕ банай кӕндзыстут, ныххафдзыстут хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, рыг сӕ фестын кӕндзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 41:15
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.


Уӕ мӕ адӕм, найгонд чи ӕрцыд мусы! Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, цы фехъуыстон, уый уын ныр хъусын кӕнын.


Хъонтхора дӕндагджын тулӕнӕй нӕ най кӕнынц, тминыл нӕ ауадзынц чъеурийы цӕлхытӕ — дзӕккортӕй сӕ ныххойынц.


Фӕлӕ дӕ бирӕ фыдгултӕ суыдзысты зӕххы рыгау, ӕгъатыр ӕрдонгтӕ — дымгӕмӕ цы зыгуым ныддардтой, уыйау. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕнис ӕваст, цӕстыфӕныкъуылдмӕ.


Сафтид кӕндзынӕн хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, сӕ зайӕгхал сын бахус кӕндзынӕн, байсысын кӕндзынӕн цӕугӕдӕттӕ, басур кӕндзынӕн цадтӕ.


Тӕхуды ӕмӕ куы байгом кӕнис уӕлӕрвтӕ, куы ’рхизис дӕлӕмӕ, цӕмӕй хӕхтӕ ӕмризӕджы нырризой!


«Ды Мӕ дзӕбуг дӕ, Мӕ тохгӕнӕн хӕцӕнгарз! Ӕз-иу дӕуӕй басастон адӕмты, паддзахӕдтӕ-иу бабын кодтон.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».


Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.


Бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, кӕрон ӕрцӕудзӕн, сӕрыстыр кӕмӕй уыд, йӕ уыцы хъомысӕн. Израилы хӕхтӕ сафтид уыдзысты, иу цӕуӕг сыл нал уыдзӕн.


Ӕмӕ уӕд ӕфсӕн, ӕлыг, ӕрхуы, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин нызгъӕлӕнтӕ сты. Дымгӕ сӕ сӕрдыгон мусы зыгуымау ахаста, ӕмӕ сӕ фӕд дӕр нал фӕзынди. Гуымирыйыл цы дур ӕрхауди, уый та фестади, зӕхх ӕгасӕй дӕр чи бацахста, ахӕм хох.


Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.


Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.


Фыр мӕстӕй бассӕстай зӕхх. Дӕ маст ссыгъд — Дӕ къӕхты бын ныккодтай адӕмты!


О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»


фӕлӕ хъӕдбыны хӕхбӕстӕ дӕр сымах уыдзӕн. Ӕрсыгъдӕг ӕй кӕнут, ӕмӕ хохрӕбынтимӕ уӕхи бауыдзӕн. Ханаанӕгтӕм та кӕд ӕфсӕндзагъд уӕрдӕттӕ ис ӕмӕ цыфӕнды тыхджын сты, уӕддӕр сӕ фӕсурдзыстут».


Дунедарӕг ын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мидианӕгты фӕстаг лӕджы онг ныццӕгъддзынӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ