Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 41:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уымӕн ӕмӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау. Уӕ рахиз къухыл уын хӕцын ӕмӕ уын зӕгъын, ма тӕрсут, Ӕз уе ’ххуысгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 41:13
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Дӕ стауин, Дӕ раст уынаффӕтыл ахуыр кӕнин.


Хуыцау сӕ фехсдзӕни Йӕ фатӕй, ӕвиппайды фӕмард уыдзысты.


Ма ферох кӕн, ам Де знӕгтӕн сӕ хъӕр кӕй хъуысы ӕмӕ ӕдзух кӕй змӕнтынц Дӕ ныхмӕ.


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут. Хуыцау ӕрцыди уӕ бафӕлварынмӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы тас уа ӕмӕ тӕригъӕды ма цӕуат».


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


«Ӕз, Дунедарӕг, фӕсидтӕн Дӕумӕ, Дӕ къухыл Дын хӕцдзынӕн ӕмӕ Дӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй. Ды — Мӕ Фидыд адӕмимӕ — ӕппӕт адӕмтӕн рухс дӕ.


Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,


Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн: «Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн. Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты, паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар, алы кулдуар.


Цы цот дын рацыд, уыдонӕй ничи ӕрлӕууыд дӕ фарсмӕ, ничи сӕ ныххӕцыд ӕнцойӕфсон дӕ къухыл.


Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.


Ды та ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, ма тӕрс, Израил. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард бӕстӕй дӕ раздахдзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын уацарӕй ӕркӕндзынӕн. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй та цӕрдзӕн, знаджы цӕфӕй нал тӕрсдзӕн».


Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ. Мӕ Уд уе ’хсӕн ис. Ма тӕрсут!“


Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ