Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 40:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 40:26
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.


Хуыцау сарӕзта дыууӕ стыр рухсгӕнӕны: стырдӕр — бонӕн уаг ӕвӕрынӕн, къаддӕр — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн, ӕмӕ стъалытӕ.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕджы хӕдзармӕ цомут, зӕгъгӕ, куы фехъуыстон, уӕд ныццин кодтон.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.


Дунедарӕджы чиныгмӕ ӕркӕсут ӕмӕ базонат: уыдон иууылдӕр къайгай уыдзысты уым. Уымӕн ӕмӕ сын уый Дунедарӕгӕн Йӕхи фӕдзӕхст у, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзӕн Йӕ Уды фӕрцы.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.


Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.


Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.


Ӕрбайхъусут Мӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн, уыцы Израил! Уый Ӕз дӕн! Ӕз — Фыццаг, ӕмӕ Ӕз — Фӕстаг!


Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы.


Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл! Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр! Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау, зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау, йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг. Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр, Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ