25 «Уӕдӕ Мӕ кӕй халдихыл нымайут, Мемӕ чи бары йӕхи?» — зӕгъы Стыр Хуыцау.
Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.
Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!
Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы? Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?
Кӕй халдих Мӕ схондзыстут? Кӕимӕ Мӕ абардзыстут, мӕнӕ уый ӕнгӕс у, зӕгъгӕ?
Кӕд ма уыдис афтӕ, цӕмӕй адӕмтӕй исчи сымахау Хуыцауы хъӕлӕс арты хуылфӕй фехъуса ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайа?
Ма аразут гуымирытӕ уӕхицӕн — нӕдӕр уӕлейӕ, арвыл, нӕдӕр бынӕй, зӕххыл, нӕдӕр зӕххӕй дӕлдӕр, доны чи цӕры, исты ахӕм цӕрӕгойы хуызы.