Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 40:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ау, ницы ’мбарут? Ницы фехъуыстат? Нӕ уын загъдӕуыди тӕккӕ райдианӕй? Зӕхх Чи скодта, уый уын ӕнӕзонгӕ у?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 40:21
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.


Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.


Бузныджы нывонд Дын ӕрхӕсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.


Дӕ ныхмӕ, ӕрмӕст Дӕ ныхмӕ ракодтон тӕригъӕд, фыдракӕнд сарӕзтон Дӕ разы: раст у Дӕ уынаффӕ, ӕнӕхӕрам у Дӕ тӕрхон.


Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.


Фӕлӕ-ма зӕгъ, дӕ хъустыл никуы ӕрцыдис, Ӕз уыдӕттӕ незаманты кӕй стӕрхон кодтон, уый? Ныр сӕ ӕххӕст кӕнын, ды сахартӕ куыд гӕныстон кӕныс, куыд сӕ пырх кӕныс, уыцы хуызы.


Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?


Раст цыма, дымгӕ цы рыг систа, уый фӕсте суры ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Йе ’дылы зондӕй йӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл ис. Куыд фервӕза, уый нӕ зоны, ӕмӕ йӕ бон нӕу зӕгъын: «Уый мӕ къухы ӕцӕгдзинадӕй куы ницы ис!»


Ӕмӕ уыдӕттӕ ма рох кӕнут, хивастытӕ, уӕ зӕрдыл сӕ дарут!


Ӕз ӕрӕвӕрдтон зӕххы бындуртӕ, уӕлӕрвтӕ дӕр айтыгътон Мӕ къухӕй. Фӕсиддзынӕн сӕм — ӕмӕ иумӕ ӕрлӕудзысты Мӕ разы.


Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!


Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады».


Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ