Исайа 40:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст20 Йӕ къух кӕмӕн нӕ амоны, уый та ахӕм лӕвар бакӕнынӕн равзары, ӕмбигӕ чи нӕ кӕны, ахӕм хъӕды лыггаг, ссары арӕхстджын ӕрмдӕсны, ӕмӕ йын уыцы хъӕдӕй скӕнын кӕны хуыцаугонд, йӕ бынаты фидар чи лӕууа, ахӕм. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.