19 Ӕрмдӕсныйы арӕзт джиппыуагъд хуыцаугонд? Зӕрингуырд ӕй скӕны сыгъзӕринӕй, сфӕлынды йӕ ӕвзист рӕхыстӕй.
фараоны ӕд ӕфсад Сырх денджызы фӕдӕлдон кодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Уый амардта хъомысджын паддзӕхты — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Уыцы бон алчидӕр, йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта, уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн,
Сӕ зӕхх байдзаг ис гуымирытӕй; табу кӕнынц, сӕхи къухӕй кӕй фӕцарӕзтой, уыдонӕн.
Уӕд уын фенад уыдзысты уе ’взистахуырст гуымирытӕ, стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ. Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау.
Таршишӕй сласынц ӕвзист, Уфазӕй — сыгъзӕрин. Згъӕртайынгӕнӕг ӕмӕ нывгӕнӕг сӕ бабӕстон кӕнынц, сӕ уӕлӕ сын скӕнынц сӕнт сырх хъуымацӕй дарӕс, сфӕлындынц сӕ гиацинтӕй, се ’ппӕт дӕр — ӕрмдӕсныты куыст.
Уый дӕр та Израилы хъуыддаг у: хуыцау нӕу — ӕрмдӕсныйы конд; базгъӕлӕн уыдзӕн Самарийы гуымиры.
Фӕлӕ йын уый йе ’взист фӕстӕмӕ радта. Мад згъӕртайынгӕнӕгмӕ дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист радта, ӕмӕ дзы уый хуыцауы кӕрдгӕныв ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры сарӕзта. Михайы хӕдзары сӕ сӕвӕрдтой.