17 Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ницы сты Йӕ разы — ницыдзинадӕй, афтиддзинадӕй къаддӕрыл нымад сты Уымӕ.
Уӕлдайдӕр та адӕймаг — зулкъ йеддӕмӕ ницы у, адӕмы цот рӕмпӕгӕй уӕлдай не сты».
Ме сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон авд дӕлдзӕхы ныххауӕнт;
Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.
Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?
Ӕнӕнымӕц адӕмты ’фсӕдтӕ тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ, ӕрхъула йыл кодтой, йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц — фынау, ӕхсӕвы фыдфынау ӕрбайсӕфдзысты уыдон.
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.
Ӕз сдӕн ӕнӕзондау — уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.