10 Ӕрцӕуы Дунедарӕг Хуыцау — Уӕлахиздзау, хъомысджын ӕлдариуӕггӕнӕг. Йӕ хъомыс дӕр ӕмӕ Йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр Йӕхи бар сты.
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».
Йӕ хъуыддӕгты Йӕ адӕмӕн равдыста Йӕ хъару — муртаттӕгты бӕстӕ сын сӕ хай бакодта.
цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.
Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау;
Дунедарӕг, тӕригъӕд бакӕн, мах нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, ӕрвылрайсом нӕ цонджы хъару басгуых, фыд заман нӕ фервӕзын кӕн!
Ӕз та ӕнхъӕлдтон, дзӕгъӕлы тухӕнӕй марын мӕхи, мӕ хъарутӕ ӕнӕхъуаджы хардз кӕнын. Фӕлӕ мӕ Дунедарӕг сраст кӕндзӕни, хорз мын ракӕндзӕни мӕ Хуыцау.
Мӕ рӕстдзинад ӕрӕввахс ис. Ме ’ххуыс уӕм фӕхӕццӕ кӕны. Мӕ хъомыс адӕмтӕн уыдзӕни фидауынгӕнӕг. Денджызгӕрон сахартӕ Мыл сӕхи бафӕдзӕхсдзысты, Мӕ хъомысӕй уыдзысты ныфсджын.
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Рӕстдзинад нал ис, фыдракӕндӕй йӕхи чи хизы, уый та искӕй амӕттаг свӕййы. Дунедарӕг федта, раст тӕрхон кӕй нал ис, уый, ӕмӕ Йын ӕхсызгон нӕ уыди.
Стыр дисы бафтыд, сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл. Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз, Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.
Ӕмӕ Йӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзӕн, Йӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны, Йӕ маст райсдзӕн Йе знӕгтӕй, денджызгӕрон сахарты цӕрджыты бафхӕрдзӕни се ’наккаг хъуыддӕгты тыххӕй.
Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн: «Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн, дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ! Дунедарӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».
Ӕз кастӕн, ӕмӕ Мын чи баххуыс кодтаид, иу ахӕм нӕ разынд, дисы дӕр ма бацыдтӕн, Мӕ фарсмӕ куыд ничи ӕрбалӕууыди, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Мын баххуыс кодта Мӕхи хъомыс, Мӕ маст Мын радта хъомыс.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бауром дӕ цӕссыгтӕ, дӕ богъ-богъ! Дӕ лӕггады тыххӕй хорзӕх райсдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — знаджы зӕххӕй ӕрыздӕхдзысты.
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.
Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»
«Ма тӕрс, Сионы чызг! Мӕнӕ дӕ Паддзах фӕцӕуы, къӕлӕуыл бадгӕйӕ».
Ӕмӕ, хъӕбултӕ буар ӕмӕ тугӕй конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары — хӕйрӕджы — ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ
Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала.
Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.
«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ фиддон Мемӕ ис — алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.